РЦИ-Аланийы адæмон газет "Рæстдзинад"-ы фæсивæдон æмæ спортивон рауагъды электрон хуыз
зилахар
  • осетинская версия
  • русская версия


  • E-mail: zilahar @yandex.ru
  • геноцид
  • фæсивæд
  • аивад
  • спорт
  • нарты кадджытæ
  • мифологон дзырдуат
  • ирон æвзаджы уроктæ
  • ирон бæрæгбæтты
            къæлиндар
  • РЦИ-Аланийы картæ
    карта РСО-А
  • хуызистытæ
  • ныхас
  • архив
  • сайты тыххæй
  • А И В А Д

      С Æ Р Г Æ Н Д Т Æ :
    1. Зæрдæ агуры зарæг
    2. Нæ бæрæгбæттæ: Кæхцгæнæнтæ
    3. Йæ курдиат – уæрæх æмæ парахат
    Зæрдæ агуры зарæг

    Зарæг     Ирон адæмы зондахасты æууæлтæ, сæ удыхъæд, се 'гъдæуттæ æмæ удварн ирдæй кæм зынынц, ахæм хъæздыг хæзнаты иу хай сты адæмон зарджытæ. Уыдон æвзæрдысты нæ фыдæлты зонд æмæ зæрдæйы рухсæй. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ лæвæрдтой хъуытазхъæлæс зарæггæнджытæ, афтæмæй сæ кæстæртæн фæдзæхстой хъайтарты сгуыхтытæ, фыдæлты цардыуаг, уæздан хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ. Æмæ уыцы хуызы æвзаргæйæ, адæмон зарæгæн эстетикон нысаниуæгимæ уыд стыр хъомыладон ахадындзинад. Уымæн æй æвзæрстой, намысы æгъдæуттæ, адæмы туг æмæ зондахаст чи фидар кодта, ахæм фæрæзæн.
        Абоны цард тынг дард у, адæмон зарæг æрдзон уавæрæй куы æвзæрд, уыцы цардæй. Фæлæ уæддæр адæмон зарæг рохуаты нæ баззад, уымæн æмæ ис, ирон зарæг йæ уды бæрц чи уарзы, ахæмтæ. Уыдонæй иу у Дзуццаты Батыры фырт Алыксандр. Æрдз Алыксандрæн ракодта тæхудиаджы лæвар — рæсугъд, тыхджын хъæлæс. Æмæ уый тыххæй амондджын хоны йæхи. Дзуццы-фырт гуыргæ Хъобаны ракодта, æмæ зарын кæй райдыдта, уымæй бузныг у ацы фæрнджын хъæуæй. Зараг фæсивæд бирæ уыд Хъобаны — нæлгоймагæй, сылгоймагæй: Бибуаты Бало æмæ Азæ, Хъаныхъуаты Петя, Хъазыбег, Розæ æмæ Бытъу, Дзуццаты Баса, Умарби, Юри æмæ Нинæ, Цæруаты Маруся æмæ Любæ, Бекмæрзаты Петя æмæ Къола, Сланты Римæ, Плиты Годзе æмæ бирæ æндæртæ. Уыдонмæ хъусгæйæ, лæппу зарæг йæ зæрдæмæ исын райдыдта.
        Алыксандр йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй йæ хъæлæс уромын нæ комы, уый бынтон æвзонгæй банкъардта, фæлæ адæмы раз зарын нæ уæндыд. Æмæ цы бæрæг ис, чи зоны, йæ курдиат "дуарæхгæдæй баззадаид", арæх куыд вæййы, афтæ. Фæлæ иухатт, цыппæрæмтæм куы цыд, уæд радгæс уыд æмæ, кълас æфснайгæйæ, куы ныззарид "Чермены зарæг", иунæг дæн, зæгъгæ. Афтæмæй йæм тыргъæй хъуыста скъолайы ахуыргæнджытæй иу —Акъоты Зинæ. Хабар фæхæццæ кодта директормæ, Дзуццаты Бæппыдз нын (афтæ йæ хуыдтой хъæуы) диссаджы булæмæргъ куы басгуыхт, зæгъгæ. Æмæ лæппуйы уæдæй фæстæмæ нал ныууагътой, цыфæнды бæрæгбонмæ ма цæттæ кæнæнт скъолайы, æнæмæнг дзы хъуамæ архайæг уыдаид Алыксандр. Зарæг
        Æртындæс азы йыл куы рацыд, уæд æй иу ахæм бæрæгбоны федта хъæуыхицау Бекмæрзаты Ваня æмæ йæ бакодта Хъобаны клубы зарæггæнджыты къордмæ. Фæлтæрдджын фæсивæдимæ Алыксандр цæуын райдыдта Ирыстоны хъæутæм, архайдта районты 'хсæн конкурсты, республикон æркастыты, арæхдæр-иу зарыд "Мæхæмæты зарæг". Хистæртæм хъуыста, æмæ-иу уайтагъд зарæджы мотив ацахста. Ноджы ма йæм иу миниуæг раиртæстой, стæм чи у, ахæм: заргæ-зарын йæхицæн хъырныдта. Уыцы миниуæг та райста йе 'рвад Дзуццаты Басайæ.
        Йæ хъæлæсы фæлгъуызтæ цас æргомдæр кодтой, уыйас лæппу йæхиуыл тынгдæр æууæндыд. Нотæтæ никуы федта, музыкалон скъолайы къæсæрæй никуы бакаст, афтæмæй Алыксандр базыдта адæмон зарæджы æппæт сусæгдзинæдтæ æмæ фæзилæнтæ. Зарæг куыд бауарзта, афтæ йæ гыццылæй бауарзта адæмы зæрдæ йæ курдиатæй барухс кæнын дæр. Æмæ куыннæ, адæм дын нæргæ къухæмдзæгъдæй салам куы дæттой, уæд уый цас разæнгард кæны, уый зоны алы артист дæр. Сыхбæсты, хъæубæсты ахæм чындзæхсæв нæ уыд, Алыксандры хъæлæс кæм нæ айзæлыд, рагацау-иу æй бахæсджын кодтой, макуыдæм ацу, нæ циндзинад æнæ дæу не сфидаудзæн, зæгъгæ.
        Чи зоны, цавæр фæндтæ йæм уыд, чи зоны-иу æй бæллицы базыртæ дунейы кæрæтты балæууын кодтой æмæ-иу йæхи федта хъуыстгонд сценæты. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, фадат у аразæг. Музыкалон ахуырады фæндагыл æрлæууын йæ къухы нæ бафтыд. Цæгатаг флоты цыппар азы æмæ æрдæг баслужбæ кæныны фæстæ Алыксандр æрыздæхт райгуырæн хъæумæ. Цалдæр азы бакуыста аивадон разамонæгæй Хъобаны хъæууон клубы, рæзгæ фæсивæдæн амыдта зарын, кафын, уарзын сын кодта адæмон зарæг. Раздæрау архайдта республикон сфæлдыстадон æркастыты, бирæ хæттыты бацахста фыццаг бынæттæ, зарæггæнджыты къордимæ цыд Уæрæсейы горæттæм. Цыбыр рæстæг бакуыста ансамбль "Алан"-ы зарæггæнджыты къорды дæр, архайдта сфæлдыстадон фестивалы Ростовы. Уæд къорды ахуыргæнæг уыд композитор Бериты Алыбег. Тынг цыдис Алыксандры хъæлæс Алыбеджы зæрдæмæ, хъуамæ йæ акодтаид гастролты Бирмæмæ дæр. Фæлæ зындгонд артисттæй иу йæ фырты арвитын кодта Алыксандры бæсты, æмæ ахæм æнæраст миты фæстæ лæппуйы зæрдæ ансамблы æрлæууын нал бакуымдта. Кусынмæ ацыд æндæр ранмæ, кодта, зарæгмæ бар чи нæ дары, ахæм куыстытæ. Бирæтæ йын дзырдтой, уыдонимæ зындгонд зарæггæнæг Плиты Грис дæр, Кæсæбиты Митя, Бæппыдз цы кусыс, дæ курдиат дзæгъæлы цæмæн сафыс, зæгъгæ. Грис æй ногæй хуыдта "Алан"-мæ, цæмæй иумæ хъайтарон зарджытæ кодтаиккой. Фæлæ йæм сæрмагонд ахуыр нæ уыд, æмæ уый тыххæй нал сразы, æнахуыргонд дæ, зæгъгæ, мын уæддæр исчи мæ цæстмæ бадардзæн.
        Æрæджиау, фæлæ уæддæр хъысмæт йæ рæдыд сраст кæнынвæнд скодта. Иу æхсæз азы размæ та Алыксандрмæ æрхатыд Суанты Федыр, куыд зары, уый фехъуыста æмæ йын загъта, Хъæууонхæдзарадон институты (Хæххон аграрон университет) культурæйы хæдзармæ æрбацу, æмæ дæм байхъусой, æвгъау у ахæм хъæлæс, зæгъгæ. Зындгонд зарæггæнæджы коммæ бакаст ацы хатт æмæ бацыд репетицимæ. Зарæг куы систа, уæд къорд «Æфсати»-йы архайджытæ тынг бадис кодтой Алыксандры арæхстдзинадыл æмæ йæ нал рауагътой, фыццаг хъæлæсæй дæр арæхсыд, дыккагæй дæр, æмæ, дам, мах ахæм рагæй куы агурæм, загъта къорды разамонæг Туаты Валодя. Университеты уæды ректор Басаты Барис ын уайтагъд мызд скодта.
        Алыксандрыл ныр æвдай азы цæуы, фæлæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй зарынæй æппындæр нæ фæллайы. Цас фылдæр зарын, уыйас мæ хъæлæс гомдæр кæны, сутгæгай дæр зарин, зæгъгæ, загъта. Уыцы хъуыддаджы æрдзы лæварæй уæлдай бузныг у йæ ныры разамонæг Туаты Валодяйæ. Тынг хорз разамонæг æй хоны. Уый, зæгъы, мын зæрдиагæй баххуыс кодта, ахуыр мæ кодта, профессионалон зарæггæнæджы куыд фæахуыр кæнынц, афтæ. Ныртæккæ Алыксандр кæй кæны, уыцы адæмон зарджыты нымæц у фæндзайы бæрц: Къостайы, Чермены, Хазбийы, Акимы, Хъаныхъуаты Болайы, Бæтæйы фыртты, Плиты Иссæйы, инæлар Цæлыккаты Хъантемыры, Дзуццаты æфсымæрты, Майрæмыхъуаты Дзабойы, Сау хохы фыййауы зарджытæ æмæ бирæ æндæртæ. Адонæй къорды репертуары ныртæккæ ис фондз зарæджы. Алцы зара, уыцы хъуыдыйыл хæст нæу Алыксандр, хъуамæ йын зарæджы ныхæстæ йæ зæрдæйы тæгтæм бавналой. Стыр аргъ ын кæнынц къорд «Æфсати»-йы зарæггæнджытæ, сæ разамонæг Туаты Валодя, йæ хæдивæг Хъалаты Сергей. Тынг райгонд у Алыксандр йæхæдæг дæр, зарыны фадат ын кæй ис, йæ уарзон куыст дарддæр кæй кæны, уымæй.
        Цингæнгæ цæуы репетицитæм: къорды уæнгтæ бирæ уарзынц ирон аивад, кæрæдзийыл сты æнувыд иу бинонтау, æмæ ахæм уавæры æхсызгон вæййы кусын, курдиат райхæлы, сæрттивы ног æмæ ног тигътæй. Къордимæ Алыксандр цалдæр хатт уыд гастролты — Германы, Чехословакийы, Финляндийы. Зарæджы фæрцы равдыстой, ирон адæммæ рæсугъддæр миниуджытæй цы ис, уыдон — сæрыстырдзинад, уæздандзинад, намыс, лæгдзинад.
        Алыксандры тынг фæнды, цæмæй ирон фæсивæд се 'ргом аздахой адæмон зарæгмæ. Уый, зæгъы, йæхæдæг у, ныхæстæй радзурæн кæмæн нæй, ахæм хæзна, ирон фарн æмæ æгъдауыл æфтауæг фæрæз, æмæ хъуамæ цæра æнусты. "Фыдæлты хæрзтæ рох кæнынæн æвгъау сты. Æгъдауæй, аивадæй райдай æмæ дарæсæй фæу. Æз мæ уæлæ цухъхъа куы скæнын, уæд бынтон æндæрхуызон æнкъарын мæхи, ме уæнгтыл схæцын, цæстытыл ауайынц нæ фæрнджын фыдæлтæ. Æмæ-иу цухъхъа, куырæт канд заргæйæ, канд кафгæйæ куы нæ скæниккам, фæлæ куывдты, чындзæхсæвты дæр, уый мæ фæнды. Æз мæхæдæг ирон дарæс дарын кæй райдайдзынæн, уымæй дзырд дæттын. Кæд мæ исчитæ бафæзмиккой, æмæ дарæсы фæрцы уæд та куы хъахъхъæниккам нæ национ цæсгом. Бирæ æндæр хъуыддæгтæй нæ иннæ адæмтæй раиртасæн нал ис, хъыгагæн", — зæгъы Дзуццаты Алыксандр.
        Йæхи кæстæрты зонд æмæ зæрдæйы ахаст Алыксандр здæхта æмæ здахы ирон адæмы фарны ‘рдæм. Йæ бинойнагимæ схъомыл кодтой чызг æмæ лæппу, уыдонæн дæр — цот. Лæппу Руслан у хъæбысæйхæцæг, спорты мастер, цæры Мæскуыйы, чызг Фатимæ каст фæцис филологон факультет. Уый дæр йæ фыды курдиатæй хайджын фæцис, зары хъайтарон зарджытæ. Йæ дадайы удыхъæд æмæ зарæгмæ уарзондзинад фæхæццæ Фатимæйы лæппу Арсенмæ дæр. Лæппу ахуыр кæны нæхи Медицинон академийы, кафы æмæ зары академийы ансамблы.
        Ирыстоны иннæ кæстæр фæсивæд дæр сæ уидæгтæй куы нæ фæиртæсиккой, адджын сын куы уаид ирон аивад, мадæлон æвзаг, ироны ном аккагæй цæмæй хæссой, уый у Дзуццаты Алыксандры стырдæр бæллиц.

    Абайты Арбилянæ


    Нæ бæрæгбæттæ: Кæхцгæнæнтæ

    Кæхцгæнæнтæ     Ирон адæмæн фыдæй-фыртмæ сæ бæллиц уыд лæппуйы райгуырд. Уымæн æмæ хæхбæсты цъассыты, зын царды уавæртæ домдтой нæлгоймаджы уæнгдых хъару зæххы æмæ фосдарыны куыстытæм. Лæппу-иу куы райгуырд, уæд-иу хъазæн ныхасæн загътой: "Æппынницы, фæлæ фыййауæн уæддæр бæздзæн". Лæппу у ног фæлтæрæн сæ мыггаг дарддæр хæссæг.
         Кæй къонайæ райхъуысы сывæллоны кæуын, йæ худын, уыдон сæхи фæхонынц стыр амондджын. Сæ цинæн кæрон нал вæййы, сæ былтыл æмæ сæ дæллагхъуыртыл радав-бадав байдайынц ноггуырды. Сывæллоны авдæн чи нæ аузы, уыцы бинонтæ сæхи фæхонынц æнамонд. Æмæ сын сæ мулк æмæ исбон дæр ад нал фæкæнынц.
         Хъæдгæроны æмæ Хетæджы къохы алыварс хъæуты цæрджытæ Кæхцгæнæн фæкæнынц, Хетæджы бæрæгбоны фæстæ кæцы хуыцаубон æрæййафы, уæд. Хетæджы бонæй Кæхцгæнæн хуыцаубонмæйы къуыри хонынц Сой-сойгæнæн къуыри. Уымæн æмæ æнæхъæн къуыри сыхæгтæ алы изæр дæр фæкæнынц Сой-сой ноггуырдты хæдзæрттæм.
         Хетæджы Уæстырджимæ кувæн бон куы фæвæййы, уæд изæрмилты, фæскуыст æрбамбырд вæййынц сыхбæстæ хистæрæй-кæстæрæй, чызгæй-лæппуйæ æмæ фæндыры цагъдмæ Сой-сой кæнынц сыхы мидæг, афæдзы дæргъы лæппу кæмæ райгурыд, уыдонмæ.
         Хæсты фæстæйы тыхст æмæ зын азты ацы бæрæгбон адæмæн хаста зæрдæйы циндзинад. Кæд адæм мæгуыр цард кодтой, уæддæр кувинæгтæ æмæ нывондагæн амæлттæ кодтой ноггуырды бинонтæ. Стæй бæрæгбон æрмæст хæрд æмæ нозтыл конд нæ цыд — æгъдау æмæ зæрдæйы цинæн.
         Уыцы мæгуыр æмæ æххормаг рæстæг та адæм сæ кæрæдзийы хуыздæр æмбæрстой, æнгомдæр уыдысты, сæ кæрæдзийы хъыгыл хъыг кæнын куыд зыдтой, афтæ сæ кæрæдзийы циныл дæр цин кодтой. Хорз хабар-иу кæуыл æрцыд — сывæллоны райгуырд, бæлццоны ссыд, фыдбылыз æмæ низæй фервæзын, — уыдонмæ цыдысты арфæтæ ракæнынмæ.
         Сой-сойгæнæн бæрæгбон адæмæн лæвæрдта цины æнкъарæнтæ æмæ йæм уымæ гæсгæ адæм цыбæлæй æнхъæлмæ кастысты. Сой-сойгæнæн цас циндзинад лæвæрдта адæмæн, уый ирдæй зыны, мæнæ дæлдæр мыхуыргонд зарæджы хъæлдзæг ныхæстæй.
        
    ХОРАНТЫ Валодя

                Сой-сойы зарæг
        Уæлæсыхæй дæлæсыхмæ,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Ацы аз дæр — сой, алы аз дæр — сой,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Уæлæ хъæды бæрзы сыфтæ,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Уе 'хсæв хорз уæд, нæ фысымтæ,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Фыр фæласынц уæй кæнынмæ,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Фæцæуæм уæм сой кæнынмæ,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Донæй скастис нард уырд,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Нæ фысымтæм — ноггуырд,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Цин æрцыд, куывд æрцыд,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Ноггуырдимæ кæхц æрцыд,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Уæлæ хъæды — арсы фæдтæ,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Фæхæссæм уæм нæ арфæтæ,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Хæххон тырты — цæгъдинаг,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Уæ ноггуырд уæд цæринаг,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Уæлæ хъæды — донджын,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        Чи райгуырд уый — амондджын,
        Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой.
        (Цыбырдæры тыххæй дæлдæр фыст нæ цæуы сой-сойы базард)
        Хъæды кæрон — арвмæ уистæ,
        Ноггуырд фæуæд авды хистæр.
        Къада куыройы — ссинаг,
        Чи райгуырд, уый — суинаг.
        Фæзынд та нæм ног дзырд,
        Ноггуырд суыдзæн — номдзыд.
        Æддæрдæм дзы балкъон уыдзæн,
        Ацы ноггуырд булкъон суыдзæн.
        уыствæлладæй дзой-дзой кæнæм,
        Мах уæм ахсæв сой-сой кæнæм.
        Чындз фæуайы донмæ,
        Сой уæм кæндзыстæм бонмæ.
        Хуынкъæй скастис гæккуыри,
        Сой уæм кæндзыстæм иу къуыри.
        Хуымы астæу — губаччытæ,
        Ма нын æнхъæл ут къулбадджытæ.
        Уæ хъомдоны дыгæрдыг,
        Ма ныл кæнут дызæрдыг.
        Хъæддаг дзæргъæн йæ хъистæ,
        Махæн немæ — нæ хистæр.
        Уæртæ фырыл — джыджытæ,
        Немæ рæсугъд — чызджытæ.
        Уæлæсыхаг — Æндри,
        Махæн немæ фæндыр и.
        Уæлæ хæхты — цъититæ,
        Немæ — арахъ, чъиритæ.
        Уартæ къуымы — цæджджинаг,
        Махæн немæ — фыдджинаг.
        Уалæ къулыл — дидитæ,
        Рахæссут нын чъиритæ.
        Уæлæ хъæды — гæнгæлы,
        Рахæссут нын бæгæны.
        Дзæлв уис нын зыр-зыраг,
        Сæ бæгæны — сыр-сыраг.
        Се 'фсины нæй иу зонæг,
        Рахæссут нын — физонæг.
        Дуары æвдузæн хъыс-хъыс кæны,
        Сæ физонæг цъыс-цъыс кæны.
        Кауы михтыл — дурынтæ,
        Физонæгимæ нын — нурытæ.
        Хуымы кæрон — сæ гутон,
        Рахæссут нын æлутон.
        Мæстæй ма нæ ма марут,
        Сыкъатæ дзагæй æрбадарут.
        Ноггуырды фыд — амондджын,
        Рахæссут нын давонджын.
        Æлхуыйы уæлæ — тæбинаг,
        Рахæсс цыхтытæн сæ бинаг.
        Уæлæ доны цæнды дуртæ,
        Фæцæуæм уæм Сой-сойгуртæ.
        Уæлæ хæхты — дзуæрттæ,
        Тынгдæр байгом кæнут дуæрттæ.
        Сæ тæрхæгыл — къустæ,
        Ма ныл кæнут бустæ.
        Къодахы кæрон лыг уыдис,
        Мах æрбацыд уын хъыг уыдис.
        Хъæды сæрмæ адаг уыд,
        Исты уал нын адарут.
        Комы сæрмæ сæ дзуæрттæ,
        Нæ гом кæнынц сæ дуæрттæ.
        Ма нын кæнут маст,
        Фæлтау нын саразут хъазт.
        Уæлæ къулыл — лалым бæттæн,
        Ацæут, дам, нал уын дæттæм.
        Зилгæ дымгæ чъылдым футт,
        Æнхъæлдæн æмæ чъынды стут.
        Базы хуылфы — бумбулитæ,
        Нæ фысымтæ — маймулитæ.
        Дугъон сиргæ нал кæны,
        Æфсин худгæ нал кæны.
        Цæгаты сыфтæр ныххус и,
        Се ' фсин кæмдæр ныхъхъус и.
        Фыййауы къæбæр йæ хызыны,
        Адонæн се 'фсин куы нæ зыны.
        Уартæ къуымы — мыст,
        Цæй-ма æфсин — сыст.
        Уыдон ахæм не сты,
        Бынтон чъынды не сты.
        Сæ нурытæ — фæззæг сагъд,
        Сæ къонайæ фæздæг скалд.
        Сæ нымæтхуд — баруади,
        Сойы тæф сæ ракалди.
        Сæ рудзынг нæм хойынц,
        Мидæмæ нæ хонынц.
        Фысым йæхи адаста,
        Фынг нæ размæ рахаста.
        Сæ артдзæсты — зынгтæ,
        Æрæвæрдтой нын фынгтæ.
        Йæ астæуыл кæрцы бæттæн,
        Адоны æфсин — кæрдзындæттон.
        Сæ кауы сæр — уасæг уасы.
        Адоны æфсин уазæг уарзы.
        Дугъон сиргæ нал кæны,
        Хистæр сидгæ нал кæны.
        Уæлæ хъайван фæтасыдис,
        Махæн нæ хистæр фæрасыг ис.
        Хуымы астæу — неси,
        Йæ бон сыстын не сси.
        Бæласы къалиу — фæтасыдис,
        Сæ лæг къуымæлæй фæрасыг ис.
        Хъæуы кæрон — сæ рæгъау,
        Сæ чындз лæууы — цырагъау.
        Уыгæрдæны — мæкъуылтæ,
        Чындз æфсæрмæй ныкъкъултæ.
        Тохъылы цармæй кæрц уыдзæн,
        Иннæ аз дæр кæхц уыдзæн.



    Йæ курдиат – уæрæх æмæ парахат

             Мæ мысинæгтæм гæсгæ
    Гæбæраты Илья
        Æрæджы нæм редакцимæ æрбацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты инвалид Гæбæраты Димитр. Уый тетрады цалдæр сыфыл ныффыста зындгонд композитор Гæбæраты Ильяйы цард æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстады тыххæй йæ хъуыдытæ æмæ мысинæгтæ. Димитр йæ уацхъуыды зæрдæрисгæйæ фыссы, сæ мыггагæн æмæ Ильяйы аивад йæ зæрдæмæ æввахс кæмæн у, уыдонæн тынг зын кæй уыд, хъуыстгонд композитор Гæбæрайы-фырты райгуырдыл 80 азы куы сæххæст, уæд ын йæ юбилей кадджын уавæры кæй не сбæрæг кодтой, уый.
        Ацы фыстæджы фæдыл редакцийы сæрмагонд уацхæссæг ныхас кодта РЦИ-Аланийы Композиторты цæдисы сæрдар Макоты Ацæмæзимæ æмæ йын уый радта ахæм дзуапп: "Гæбæраты Илья зынгæ бынат ахсы нæ музыкалон аивады. Уымæн йæ уацмыстæй бирæтæ систы адæмон. Уымæ гæсгæ ахæм хъуыстгонд композиторæн йæ ном никуы ферох уыдзæн дзыллæтæй. Ацы аз фæззæджы, Цæгат Ирыстоны Композиторты цæдисыл 70 азы кæй æххæст кæны, уый фæдыл 2008 азы сентябрæй — 2009 азы мартъимæ нæ республикæйы цæудзæн фестиваль. Уым зындгонд композитор Гæбæраты Ильяйы уацмыстæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн йæ номарæн концерт. Аивадиртасджытæ уыцы концерты рæстæг бæлвырдæй æрныхас кæндзысты Гæбæрайы-фырты цард æмæ йæ бирæвæрсыг сфæлдыстады тыххæй".
        Дæлдæр мыхуыр кæнæм, зындгонд композитор Гæбæраты Ильяйы бирæвæрсыг аивадæн стыр аргъ чи скодта æмæ абон дæр кæны, уыдонæй иуцалдæры мысинæгтæ.

        Бæтæгаты Татьянæ, музыкæиртасæг, Цæгат Ирыстоны-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг:
        — Зарæгæн дæр уд ис, фæзæгъынц. Æмæ, æцæгдæр, зарæг вæййы, чи йæ саразы, уый халдих, айдæнау ын февдисы йæ цин, йæ сагъæстæ.
        Гæбæраты Ильяйы (рухсаг уæд) зарæджы ныхæстæ "Мæ зарæг — Ирыстон", зæгъгæ, уыдоны эпиграфæн райсæн ис композиторы æппæт сфæлдыстадæн дæр. Ацы зарæг Ирыстоны чи нæ зоны, чи йæ нæ фехъуыста, ахæм адæймаг зын ссарæн у. Бæлвырд дзы зыны авторы сфæлдыстадон дунеæмбарынад, зарæг йе 'мдзаг у уарзондзинадæй райгуырæн зæхмæ, фыдæлты уæзæгмæ.
        Гæбæрайы-фырт йæ зæрдæйы хъармæй цы уацмыстæ сфæлдыста, уыдонæй алкæцыйы дæр, алы нотæйы дæр, тырныдта йæ адæмы уд рафæлгъауынмæ, музыкæйы æвзагæй йын йæ миддунейы рæбинæгтæ равдисынмæ. Уый йæ бæллицтæ, йе сфæлдыстадон хъару снывонд кодта дзыллæты хорзæхæн.
        Илья уыдис æмæ у Ирыстоны хуыздæр композитортæй, йæ бирæвæрсыг сфæлдыстад та — нæ республикæйы профессионалон музыкалон аивады ирддæр сыфтæй. Уый айдагъ дæсны профессионалон музыкант нæ уыд, фæлæ ма уыд бирæвæрсыг нывгæнæг дæр. Ильямæ поэтикон, нывгæнæджы курдиат куы нæ хæццæ кодтаид, аивадон дзырды ад афтæ тынг куы нæ æнкъардтаид, уæд нæ фæзындаиккой йе 'ртæ оперæйы, йæ дыууæ программон симфонийы: Дыккаг — Еврипиды трагеди "Медея"-мæ гæсгæ, Æртыккаг — Гарсиа Лоркæйы æмдзæвгæтæм гæсгæ. Уыдонимæ йæ диссаджы вокалон циклтæ та! Лæмбынæг ма æркæсæм, Илья Ирыстоны тыххæй цы зæрдæмæхъаргæ уацмыстæ сарæзта, уыдонмæ. Æрмæст сæ нымæц дæр у бирæ цæуылдæрты дзурæг: симфонион сюитæ "Иры хæхтæ", æртæ симфонион рапсодийы, музыкæ кинонывтæн "Хæхты зарджытæ", "Терчы былгæрон", "Ирыстоны хъæбул" æмæ æндæртæн.
        Гæбæрайы-фырт йæхи стыр амондджыныл нымадта, йæ рагбонты Ирыстоны культурæйы номдзыд архайджытимæ кæй фембæлд, уымæй. Уыдон уыдысты нывгæнæг æмæ этнограф Тугъанты Махарбег, композитор, музыкалон фольклор æмбырдгæнæг Галаты Барис. Уыдоны фæрцы зæрдæргъæвд лæппу фыццаг къахдзæфтæ акодта аивадмæ; бацыд ахуыр кæнынмæ Тугъанты Махарбеджы нывкæнынады студимæ æмæ фæстæдæр архайдта Хуссар Ирыстоны кæфтытæ æмæ зарджыты паддзахадон ансамбль "Симд"-ы, разамынд ын лæвæрдта Галаты Барис. Ансамблы кусгæйæ Илья фæхæстæгдæр музыкæмæ, базыдта адæмон инструменттыл цæгъдын.
        Цалдæр азы фæстæ Гæбæрайы-фырт разамынд лæвæрдта хихъæппæрисадон оркестрæн Цхинвалы æмæ Тбилисы. Ленинграды куы ахуыр кодта, уæддæр та йæ хъул сах абадт — уыд хорз ахуыргæнджыты къухы, композицийыл æй ахуыр кодтой Л.Никольская æмæ П.Уствольская.
        Консерваторийы та уыд профессор Кушнаревайы къласы. Æппæт уыдæттæ хорзырдæм фæзындысты Ильяйы курдиатыл. Суанг консерваторийы ахуыры азты уый кусын райдыдта оперæ "Азау"-ыл, фæзындысты студент-композиторы фыццаг уацмыстæ: кантатæ "Мах хъæуы сабырдзинад" (1951 аз), Ирон симфонион рапсоди (1952 аз), "Героикон увертюрæ" симфонион оркестрæн (1953 аз). Консерватори каст куы фæцис, уæд ма уыцы уацмыстыл бафтыдта сюитæтæ "Иры хæхтæ", "Ирыстоны хъæбул", симфонион поэмæ "Фæллой"   (1956 аз).
        Æрыгон композитор базыдта композицийы домæнтæ, фольклорон æрмæгæй куыд пайда кæнын хъæуы, уыдæттæ. Уымæн æвдисæн сты, æхсайæм азты цы æртæ симфонион уацмысы сфæлдыста, уыдон. Фыццаг симфонийæн хорз аргъгонд æрцыд Мæскуыйы 1960 азы, Ирон литературæ æмæ аивады декадæйы рæстæг. Йæ Дыккаг æмæ Æртыккаг рапсодитæ та зынгæ бынат æрцахстой Цæгат Ирыстоны Паддзахадон филармонийы симфонион программæты. Æхсайæм азтæ курдиатджын композиторæн уыдысты бæркадджын. Фæзындысты йæ вокалон циклтæ: "Æнæферохгæнгæ" (1961 аз), "Талас" (1962 аз), "Авд зарæджы сабитæн" (1962 аз), Расул Гамзатовы æмдзæвгæтæм гæсгæ вокалон цикл (1963 аз).
        Гæбæраты Ильяйы романсты лирикон хъайтары фарсмæ архайæг у æрдз дæр. Æрдз — цардæгас, алцæмæ дæр бардарæг, цыбырдзырдæй, психологон фон — йæ фæрцы реалон хуызы рæзы адæймаджы драмæ, ивынц алыхуызон цаутæ æмæ фæзындтытæ. Уымæн сты йæ уацмысты сæргæндтæй бирæтæ символты хуызæн, æвдисынц уды бæлвырд уавæр, цæстытыл ауайын кæнынц æрдзы нывтæ. Мæнæ дзы иуцалдæр: "Изæр", "Хæхтæ фынæй кæнынц", "Къæвда бон" æмæ афтæ дарддæр. Æртыккаг симфони у Гæбæраты Ильяйы хуыздæр уацмыстæй иу. Композитор æй ныффыста, йе сфæлдыстадон тыхы куы бацыд, уæд. Симфонийы мидарæзт, йæ драматургийыл фæзынди Лоркæйы поэзи. Автор йæ уацмысæн равзæрста куырыхон дзырды зæрингуырды хуыздæр антифашистон æмдзæвгæтæ, иттæг дæсны спайда кодта контрастон мадзалæй. Симфонийы кæрæдзийы ивынц зæрдæнкъуысæн трагеди æмæ фæлмæн лирикæ. Фыццаг хайы уынæм Испанийы фæлгонц, йæ диссаджы æрдз æмæ адæмы.
        Рухс, амонд, цины дзæнгæрджытæ! Фæлæ мæнæ æхсæв сабыргай айтыгъта йæ сау базыртæ… Зæрдæйы цыдæр тас хизы. Уд ауайы, æрдуйы нарæгæн свæййы дыккаг æмæ æртыккаг хæйтты: нæры арв, сау фæрчытæй хауы хох. Кæронбæттæн хайы та — марой трагедийы фæстæ. Иудзырдæй, нывгæнæджы уацмысы ирдæй зынынц рæстæджы уæззау нывтæ. Симфонийы æппæт хæйтты дæр Адæймаг сиды: "О, зæлланггæнаг, циганты горæт!" Уыцы сидт фæлхат кæй цæуы, уый хуымæтæджы нæу, уый у тых æмæ æхсары нысаниуæг.
        Рæстдзинад æмæ Сæрибары идеалтыл композитор тох кæны йæ оперæты дæр. Гæбæрайы-фырты оперæтæ "Керменисттæ", "Олланæ" æмæ "Азау" систы нæ республикæйы культурон царды стырдæр цаутæ. "Азау" æвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны Паддзахадон музыкалон-драмон театры сценæйы 1968 азы. Уый фæрцы нæм фæзынд фыццаг бирæактон лирикон оперæ-драмæ ирон æвзагыл. Чи нæ зоны Гæдиаты Секъайы уацмыс "Азау"? Дыууæ уарзæгой уды
        — Азау æмæ Таймуразы тæригъæддаг хъысмæт. Сæ уарзт у æгæрон æмæ æнусон Лейлæ æмæ Меджнуны уарзтау", — фыста Александр Фадеев. Æмæ уыцы трагикон уарзондзинад Гæбæраты Илья адæмы 'хсæнмæ рахаста музыкæйы фæрцы. Оперæ чи федта, уыдонæй, æвæццæгæн, никуы ферох уыдзысты Азауы ари æмæ монолог, Таймуразы ари, Иласы балладæ, Азау æмæ Бибойы психологон сценæтæ-дуэттæ, дзыллон сценæ.
        Ильяйы иннæ дыууæ оперæйы "Олланæ" (1968), "Керменисттæ" (1982) амад сты нуарджын драматургийыл, фæлгонцтæ рауадысты ирд, бирæвæрсыг. "Олланæ"-йы сæйраг темæ у сылгоймаджы бартыл тох зæронд дуджы. Оперæ "Керменистты" та автор равдыста, советон хицаудзинад Цæгат Кавказы куыд æрфидар, уыцы революцион цаутæ.
        Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Ильяйæн фидар сфæлдыстадон бастдзинад кæй уыдис драмон театр æмæ киноимæ. Ирон театры спектаклтæй музыкæ кæмæн ныффыста, уыдон нымад сты хуыздæр спектаклтыл. Зæгъæм, "Судзгæ зæрдæ", "Медея", "Сæрмæт æмæ йæ фырттæ", "Сау чызг" æмæ иннæтæ. Уæдæ кинонывтæ "Жизнь, ставшая легендой", "Тæбæхсæуты Владимир", "Ирыстоны хъæбул", "Хæхты зарджытæ" æмæ æндæртæ дæр куыннæ дзурынц курдиатджын композиторы æрмдзæфыл!
        Гæбæраты Ильяйы æппæт сфæлдыстадон архайд æдзухдæр баст уыд республикæйы музыкалон цардимæ. Абон нæ республикæйы иунæг солист, иунæг профессионалон музыкалон коллектив дæр ахæм не ссардзынæ, йæ репертуары Ильяйы уацмыстæ кæмæн не сты. Гæбæрайы-фырты уацмыстæ хъуыстысты Уæрæсейы Федерацийы Композиторты цæдисы пленумты, нæ бæстæйы алы горæтты, фæсарæнты. Ильяйы хуызæн курдиатджын композитортæй фæзæгъынц, уыдонæн вæййы райгуырæн бон, фæлæ мæлæн бон — никуы.

        Людмилæ Левитская:
        — Музыкалон аивады фæндагыл Гæбæраты Илья фыццаг къахдзæфтæ акодта 1945 азы, 19 азы йыл куы сæххæст, уæд. Уыцы аз Хуссар Ирыстонæй абалц кодта Ленинградмæ. Уым музыкалон училищейы æмæ консерваторийы ахуыр кæнгæйæ, ноджы тынгдæр райхæлд йæ курдиат. Консерваторийы ахуыр кæнгæйæ йын уæлдай стырдæр æххуыс бакодта композицийы ахуыргæнæг, профессор Х.С.Дмитриев. Консерваторимæ фæлварæнтæ дæтгæйæ къамисы размæ рахаста, музыкалон училище каст фæуыны фæстæ "Нарты Батрадз"-мæ гæсгæ цы дипломон куыст — симфонийы иу хай ныффыста, уый. Къамисы уæнгтæ стыр аргъ скодтой Гæбæрайы-фырты куыстæн. Газет "Вечерний Ленинград"-ы 1949 азы 22 августы номыры Гæбæраты Ильяйы къамы бын бакæсæн уыд ахæм рæнхъытæ: "На четыре вакансии на теоретико-композиторском факультете было подано 10 заявлений.
        Композитор-осетин И. Габараев, окончивший музыкальное училище, представил на экзамен свою симфонию "Батрадз". Ее программное содержание основано на народном осетинском эпосе — одном из сказаний о нартах. В симфонии отражены подвиги нарта-богатыря Батрадза в борьбе за свободу родного народа. Исполненная на двух роялях симфония молодого композитора получила единодушное одобрение экзаменаторов". 1954 азы Гæбæрайы-фырт æнтыстджынæй каст фæцис консерватори. Курдиатджын композиторы уайтæккæ райстой нæ бæстæйы Композиторты цæдисмæ. Фыццаг дæс азы цард Ленинграды. Ам ноджы тынгдæр райхæлд йæ курдиат. Ныффыста симфонион оркестрæн дыууæ рапсодийы. Музыкæуарзджытæ йын уæлдай стырдæр аргъ скодтой йæ Æртыккаг рапсодийæн. Уыцы рæстæг йæ къухы ныффыссын бафтыд музыкалон уацмыс "Тохы зарджытæ" æмæ вокалон-симфонион поэмæ "Адæймагмæ". 50-æм азты астæу Илья зæрдæмæхъаргæ музыкæ ныффыста киноныв "Сын Иристона"-йæн.
        1964 азы Гæбæраты Илья Ленинградæй ссыд Дзæуджыхъæумæ æмæ æнæхъæнæй дæр аныгъуылд сфæлдыстадон куысты. Йæ къухы бафтыд бирæ спектаклтæн музыкæ ныффыссын. Уыдонимæ уыдысты спектаклтæ: "Медея", "Макбет", "Антигона", "Великий убийца", "Первый удар", "Слышишь, Анна?", "Горящее сердце" æмæ æндæртæ.
        1966 азы Гæбæрайы-фырт ногæй раздæхт æмæ дарддæр кусын райдыдта йæ оперæ "Азау"-ыл. Йæ премьерæ æнтыстджынæй ацыд 1968 азы Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры. Уый Ирыстоны уыд фыццаг бирæактон оперæ. Сценæйы та йæ сæвæрдтой: режиссер Лекъты Ю.Н., дирижер П.Ф.Панасян, хормейстер Æчеты А.Т., нывгæнæг Ю.П.Федоров. Оперæ "Азау" абон дæр зынгæ бынат ахсы Ирыстоны музыкалон аивады.
        Оперæ "Азау"-ы ахъазгæйы уæд тынг зæрдæмæхъаргæ фæлгонцтæ сарæзтой нæ зындгонд солисттæ Тогъойты Таисæ, Билаонты Долорес, Суанты Федыр, Дзуццаты Виктор, Абайты Хаджумар, Годжыцаты Исахъ æмæ иннæтæ.

        Гуыдиаты Гермæн, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат:
        — Гæбæраты Илья æрдзæй рахаста стыр курдиат музыкалон аивадмæ. Уымæн йæ алы музыкалон уацмыс дæр фыст уыд зæрдæйæ, æмæ йын уымæ гæсгæ арф хъардтой зæрдæмæ дæр. Илья-иу бирæ удхар фæкодта, бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ-иу арвыста йæ алы музыкалон уацмыс фысгæйæ дæр.
        Ильяйæн йе стырдæр бæллицтæй иу уыд нæ ирон сценæйы национ оперæ фенын. Æмæ уыцы бæллиц йæ къухы бафтыд. Фыццаг оперæ "Азау" æвæрд æрцыд Музыкалон-драмон театры сценæйы. Премьерæ ацыд æнтыстджынæй. Ильяйæн бирæ арфæтæ фæкодтой музыкæуарзаг дзыллæтæ. Ахæм стыр арфæтæ райста йæ иннæ бирæ музыкалон уацмысты тыххæй дæр.
        Гæбæраты Илья Гаврилы фырт райгуырд Хуссар Ирыстоны. Суанг сабийæ сахуыста адæмон сфæлдыстады алæмæты ронгæй, базыдта æвæджиауы дуне æмæ цæрæнбонтæм ссис йæ уацайраг. Ильяйы сфæлдыстадыл хъуыды кæнгæйæ, зæрдыл æрлæууынц Нигеры куырыхон ныхæстæ: "Адæмон сфæлдыстад у аивады ныййарæг мад, йæ кæцыфæнды хуыз ын куы райсæм, уæддæр: поэзи зæгъай, нывкæнынад, музыкæ… Уый махыл аудæн кæны суанг авдæны дугæй. Нæ хæзнадон, нæ быркуы"..
        Авдæны дугæй суанг йæ амæлæты бонмæ хъысмæт фидар тæгтæй сбаста Ильяйы музыкалон аивадимæ. Музыкæ уымæн ссис йæ царды æнæбайсысгæ суадон. Уый йæхæдæг кæд абон æгас нал у, уæддæр йæ фæстæ цы бирæ зæрдæмæхъаргæ музыкалон уацмыстæ ныууагъта, уыдон зынгæ бынат æрцахстой нæ музыкалон аивады, æмæ, зæгъæн ис афтæ, уыдон адæмы зæрдæты кæй цæрдзысты æнустæм æмæ адæмæн кæй хæсдзысты стыр æхцондзинад.

    Æрмæг бацæттæ кодта
    ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат