РЦИ-Аланийы адæмон газет "Рæстдзинад"-ы фæсивæдон æмæ спортивон рауагъды электрон хуыз
зилахар
  • осетинская версия
  • русская версия


  • E-mail: zilahar @yandex.ru
    Блог TamerlanS
  • фæсивæд
  • аивад
  • спорт
  • нарты кадджытæ
  • мифологон дзырдуат
  • ирон æвзаджы уроктæ
  • ирон бæрæгбæтты
            къæлиндар
  • РЦИ-Аланийы картæ
    карта РСО-А
  • хуызистытæ
  • ныхас
  • архив
  • сайты тыххæй
  • МИФОЛОГОН   ДЗЫРДУАТ

    - А -

         АББАЙКУЫЦЫКК -æлдары æхсæз æххуырстæй иу. Дардта йæ æрмæст цуаны цæуынæн, иннæты та - хæдзары куыстæн. Æлдар æй иннæтæй фылдæр уарзта, æмæ йæм уыдон хæлæг кодтой. Иу бон æлдарæн афтæ зæгъынц: “Кæд Аббайкуыцыкк афтæ хорз у, уæд ма уæлæ фæсхох иу уæйыг цæры, æмæ йæм ис иу Зонынджын бæх, æмæ дын гъе уый æркæнæд”. Афтæ бакодтой æртæ хатты - æртæ хатты дæр æлдар тæргайхуызы домы Аббайкуыцыккæй иуæй иннæ зындæр хæс сæххæст кæнын, æрвиты йæ тæссаг фæндагыл. Аббайкуыцыккмæ ис иу æвæджиау миниуæг - бахъуыды сахат йæхи фестын кæны мæнæуы нæмыг, æмæ йæ уæйыг нал фены. Афтæ уыд Зонынджын бæх ласгæйæ дæр æмæ уæйыджы хæдфыцгæ аг æмæ хæдисгæ фыдис хæсгæйæ дæр. Фæлæ йын уæйыджы æркæныны, “уый йæ бæх кæмæн у, уыдон йæ аг æмæ йæ фыдис кæмæн сты, уымæн ма йæхи дæр куы фенин!”-ы хæс æххæст кæнгæйæ, уый дæр нал баххуыс кодтаид. Æмæ уæд уæйыджы йæхи арæзт чырынмæ ныссайдта, йæ сæр ыл æрæвæрдта, зæгæлтæй йæ фидар ныххоста æмæ йæ афтæмæй йе 'лдармæ æрхаста. Загъта йын: “Уæйыджы дын æрхастон, ме 'лдар, æмæ райсом куы сыстай, уæд-иу æй рацагур. Æз райсом раджы цуаны цæуын”. Йæхæдæг æртæ æддæгуæлæ хæдзары сæрмæ сбырыд æмæ сæм уырдыгæй касти. Æлдар чырыны сæр куы сæппæрста, уæд уæйыг уырдыгæй сгæпп кодта æмæ æлдары ахордта, стæй къуымты разылди æмæ иннæ бинонты дæр ахордта. Аббайкуыцыччы æртæ уæладзыджы сæр куы ауыдта, уæд æм схизыны тыххæй, дурæй цы уыдта, уыдон кæрæдзиуыл фæамадта, æмбисы онг æм куы схæццæ, уæд уырдыгæй рахауд, æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыди, æмæ уым ныммард. Аббайкуыцыкк уæладзыгæй æрхызт. Æлдары исбон иууылдæр уымæн баззадысты.

         АВД - ирон адæммæ иуæй-иу нымæцты æвæрд ис дины тæваг, дзурынц сæ нымдгæнгæ, табугæнгæ æмæ арфæйаг ныхæсты. Уыдонæй иу у нымæц авд. Авдимæ бирæ дзырдбæстытæ ис. Æвдгай фырттæ ис Уастырджи æмæ Уациллайæн. Авд æддæгуæлæйы. Аргъæутты авд дуары, Уæйыгыл авд сæры. Авд æфцæджы. Авдуæладзыгон мæсыг. Авдудон (Æвдудон) Авд дæлдзæхы. Авд уæлдзæхы - уæлхуроны уæларвы. Авд хохы сæрты ахизы таурæгъы, аргъауы хъæбатыр. Бæркæдтæ дæр, дам, авд-авды сты. Нарты кадджытæй “Уырызмæджы мæсыг”, зæгъгæ, уым Уастырджи дзуры Уырызмæгмæ: “Дæ мадырвадæлтæй цы цъынды æрхастай, уый ахæсс фæстæмæ. Ацу мæ бæхыл, дæхион йæ сæрæн нал у. Акæн мæ куыдзы дæр.
         Куыдз фурдмæ ныррæйдзæн, науæд дæхи хъæр нæ фехъуысдзæн Донбеттыртæм. Стæй дæм чи фæзына, уыдонæн дæ цъынды радт æмæ зæгъ: “Авд хатты мæм авд фæлтæры авд-авды адæм æрхуы мæсыг амайынмæ куыд фæзынат Нартыхъæумæ”. Ома, - 2401 адæймагæй. Раздæр-иу æрвдзæвды фæстæ цоппай кæныны размæ дзуары лæг, хæлттæ сæппаргæйæ, рахицæн кодта авд чызджы æмæ авд лæппуйы. Уыдонæн-иу скæнын кодтой 49 чъирийы (авд хатты авд). Арв адæймаджы кæм æрцавта, уырдæм цæугæйæ дæр-иу адæмы æрурæдта авд хатты. Арвы цæфæй марды дæр-иу хæдзарæй рахастой авд къайæ. Нывонд кусарты фысы цармыл дæр мидæгæй тугæй кодта авд нысаны, хисты фæстæ æрвдзæфы ингæнмæ цыд 49 хатты. Авд сыгъдæг чызджы æмæ лæппуйы æрвылаз дæр кафыдысты йæ ингæныл. Хурфæлтæры хус рæстæджы-иу хъæуыл дæр къусбар æрзылдысты авд чызджы æмæ авд лæппуйы. (Л.А.Чибиров. “Древнейшие пласты духовной культуры осетин”). Ирон адæммæ кадджын сты нымæцтæ æртæ, фараст æмæ æстдæс дæр. Нымадтой æртыгæйттæй, æвдгæйттæй æмæ фарастгæйттæй дæр.

         АВДÆН - Дзырд авдæн дæр арæзт у нымæцон авдæй, ома, авд сывæллонæн. Авд сывæллоны бæрц кæмæн уыд нæ фыдæлтæй, уыдон нымад уыдысты æххæст бинонтыл. Æвдæм сывæллоныл та арæх æвæрдтой (уæлдайдæр та дыгурмæ) ном Авдан-Æвдæм. Нæ фыдæлты тыххæй хъæуа-нæ хъæуа йе 'нæразыдзинад чи æвдисы, уый нæдæр истори зоны, нæдæр абоны цард. Уайдзæфы аккаг дзы сты, Китайæ райдай æмæ Испанийæ фæу. уыцы даргъ æмæ уæрæх тыгъд быдырты паддзахæдты дзы цæргæйæ чи баззад, хатт искæй хуымы цыргъ æхсырфæй, афтæмæй йе 'взаг æмæ йæхи дæр чи фесæфта, йæ фыдæл-тыл, сæ диныл гадзрахатæй чи рацыд, уыдон. Махæн не 'цæг фыдæлтæ сты Кавказы хæхты цъассыты дыууæ 'рдыгæй цæргæйæ цыфæнды зынæй дæр ирон адæмы се 'взаг, се 'гъдæуттæ æмæ фарнимæ чи бахъахъхъæдта, уыдон. Задалескаг Нанайы хуызæн Дадатæ, Нанатæ, Бабатæ æмæ Дзыццатæ. Уыдонæн дæр, æвæццæгæн, фадат уыд сæхи уацары радтын, кæмæдæр æххуырсты бацæуын æмæ йын, йæ уæрдоны бадгæйæ, йæ зарæг зарын. Фæлæ уыдон уый сæ сæрмæ не 'рхастой! “Кæнæ сæрибар, кæнæ - мæлæт!” - уыд сæ фидар фæнд. Æмæ дзы чи мæлæт ссардта, чи та историйы даргъ æмæ фæлмæвæрд фæндагыл адарддæр кодта йæ адæмы гуырдз.
         Царды цыд æгъатыр у, Балсæджы цалхæй уæлдай нæу. Йæ развæды ссæнды алцыдæр æнцонæй кæуыл, цæуыл атула, æппæт уыдоны. Уыцы уавæр нæ фыдæлтæ - тохты æхсыст фыдæлтæ - хорз æмбæрстой, сæ удæй йæ æнкъардтой æмæ лæмæгъ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæхи хæхты уазæг бакодтой, къæдзæхтæй æфтыд айнæг дуртæй фидæрттæ, мæсгуытæ æмæ галуантæ арæзтой. 0, фæлæ афтæ кæдмæ хъуамæ цардаиккой хохаг зынвадаты. Зыдтой, ам, хæхбæсты сын фидæн кæй нæй. Быдыры та тыхы сæр хъуыд. Æмæ сæм цæмæй ахæм тых сæвзæрдаид, уый тыххæй фæкарздæр кодтой кæстæрты хъомылад. Адæм цæмæй цот фылдæр кодтаиккой, уый тыххæй хистæртæ сфидар кодтой æнæфыст æгъдау. “Алы бинонтæн дæр авд сывæллонæй къаддæр хъуамæ ма уа!” Æмæ авдæн ног мæйы хуызæн дыууæ æрдæг цалхыл ирон хæдзары къонайы фарсмæ йæ фарны бынат æрцахста. Ирон адæммæ сывæллон сси хæдзары æлдар, зæды къалиу. Сæ хуыздæр хæринаг, сæ хуыздæр зарджытæ æмæ бæллицтæ систы йемæ баст. Авдæн та - табуйаг. Фæсвæд ран авæрын, афтидæй йæ аузын нæ фæтчыд, - хæйрæджытæй, дæлимонтæй йæ хызтой. Йæ куыст-иу куы бакодта, уæд-иу æй хорз ныссыгъдæг кодтой, дзæбæх-иу æй батыхтой æмæ йæ цары бæрæг ран æфснайдтой. Фæлæ дзы бирæ рæстæг нæ фæстиат кодта. Уайтагъд та-иу хæдзары æфсины - Нанайы æртæ чъирийы кæнын бахъуыд. Æристой-иу æй царæй нымдгæнгæ, арфæтимæ, æмæ та дзы ноггуырд- зæды хуызæн чысыл саби йæ гæккитæ хæстон лæгау адаргъ кодта, æмæ райхъуыст йæ дыгъал-дыгъул - цардыл цин, нæ ирон адæмы æнхъæлцауы уынæр.
         Афтæмæй ирон авдæн кодта йæ арфæйаг куыст, фылдæрæй-фылдæр кæстæртæ æфтыдта ирон адæмы нымæцыл æмæ нæ абоны бæрц скодта. Ирыстоны уыд ахæм авдæнтæ, иу хæдзары æртæ-цыппар фæлтæры йæ къахыл чи ауайын кодта. Ома, фыды фыды фыд цы авдæны хуыссыд, уым бастой йæ хъæбулы хъæбулы хъæбулы. Ирыстоны зындгонд уыдысты зырнæйзылд авдæнтæ аразджытæ. Йæ къух-иу кæмæн фæхорз, уый конд авдæнтæ æлхæнынмæ цыдысты дард хъæутæ æмæ кæмттæй дæр. Авдæны фæрцы мад уыцы-иу рæстæг кодта йæ хæдзары зылдтытæ æмæ ма суанг быдыры куыстытæ дæр. Царды фæрæз афтæ амыдта, нæ фаг кодтой кусæг къухтæ, æмæ цалынмæ сывæллон авдæны баст уыд, уæдмæ мады æвдæлд бинонтæм хæдзары куыстытæм фæкæсынмæ. Иу рæстæджы дохтыртæ расидтысты тох ирон авдæны ныхмæ, авдæны бастæй, дам, сывæллоны уæнгтæ парахатæй нæ рæзынц, сыппайæ йæ къæхтæ зылын кæнынц. Ахæм зондамонджытæн бæргæ дзырдтой, уæдæ Хъаныхъуаты Бола, Хъантемыраты Алыбег, Плиты Иссæ æмæ ма бирæ иннæтæ “чысылтæй” уымæн баззадысты!
         Æвæццæгæн, æмæ царды сфæлтæрд æгъдау, фæтк æмæ хъуыддагæй фидардæр ницы ис зæххыл, æндæр йæ иунæг сывæллоны авдæны чи нæ бабаста, æмæ ныр тæнтъихæгæй нозтыл, наркотиктыл кæмæн бафтыд, уый дзы цы рамбылдта? Ницы! Æгæр сæрибар уæгъдибармæ цæуы. Уæгъдибар цард та хъæддаг сырдтæ дæр нæ кæнынц.
         Авдæн ирон адæмæн бирæ хæрзты бацыд. Бирæ бинонтæн ауызта æвдгай нæ, фæлæ суанг ссæдзгай сабитæй дæр фылдæр. Куыдзойты Барис “Рæстдзинад”-ы йæ иу уацы фыста Цопанты Хъыбызоны тыххæй. Уымæн Уæллаг комы Къæмунты цæргæйæ йæ цардæмбал Афæхъоимæ райгуырд 22 сывæллоны - аст чызджы æмæ цыппæрдæс лæппуйы. Уый фæстæ ма йæ цотыл бафтыд сомихаг сидзæр лæппу Аршак. Йæ хистæр фырт æй хæсты фæстæ йемæ скодта Стъараполæй. Иууылдæр сæ бахъомыл кодта кад æмæ радимæ. Хъыбызонæн Цопанты мыггаг æхсызгонæй мысынц йæ ном, кады аккаг у æнæхъæн Ирыстонæн дæр. Ахæмтæ сты нацийы Мадæлтæ, ирон адæмы Нанатæ. Æмæ, цот кæнын фæнд чи нæ кæны, æрмæст иу кæнæ дыууæ чи рауагъта, уыдон сæ куыд бафæзмой, уыцы арфæ сыл æрцæуæд. Алы хæдзарæй дæр нæ ирон авдæны узыны гуыртт-гуыртт куыд хъуыса, ахæм амонд уæд ирон адæмы. Алы ирон хæдзары авдæны дæр авд хатты авд фæлтæры авд-авды хæрзхъæд сабийы Ирыстонæн куыд бахъомыл уа, ахæм нациирвæзынгæнæг арфæ нын Стыр Хуыцауы цæст бауарзæд!

         АВД ДÆЛДЗÆХЫ - ирон адæмон сфæлдыстады, динон дунеæмбарынадмæ гæсгæ Дун-дунейы сконд у авд дæлдзæхæй æмæ авд уæлдзæхæй (уæлхуронтæ дæр ма сæ хонынц). Кадæг “Сослан Косеры куыд ракуырдта” нын зæгъы, Сосланы Косеры мæсыг арвы хæд бынмæ куы сдавта, уæд æй Косер кæй фæсайдта - йæхæдæг зæххыл кæй баззад, уый тыххæй мæстыйæ мæсыгæй ралиуырдта æмæ зæхмæ куы æрхæццæ ис, уæд йæ бынмæ йе 'мбæрц ныттыдта - авд дæлдзæхы фæци æмæ дæлимонтæм ныххаудта. Æвдæм дæлдзæхы цæрынц дæлимонтæ. Ацы мифон уырнынадæй спайда кодта фыссæг Булкъаты Михал йæ роман “Нарты Сосланы æвдæм балц”-ы. Уæдæ ирон адæммæ “Авд дæлдзæхы фæу” - зæгъгæ, карздæр æлгъыст, æвæццæгæн, нæй. Афтæ æлгъитынц адæм тынг мæстджынæй кæрæдзи дæр, фосы æмæ суанг кусæн дзаумæтты дæр. Ома, дæлимонты хай фæу! Уый амæлынæй карздæр у сæ дунеæмбарынады. Мæрдты бæсты æхсæз дæлдзæхæй кæмфæнды дæр цыфæнды хъизæмæрттæ куы æвзарай, уæддæр адæмимæ уыдзынæ, æвдæм дæлдзæхы та - дæлимонтимæ. Æмæ та уырдыгæй дæр Сослан йæ зонд æмæ хъаруйы фæрцы æвыдæй сыздæхы уæлдзæхмæ.

         АВД ДЗУАРЫ - ирон адæммæ нымæц авд у табуйаг, уæларвон, арфæйаг. Уымæ гæсгæ баст у зæдтимæ, кувæндæттимæ. Авд Хуры, Авд Уациллайы, Авд дзуары. Ирон адæм кувынц Лæцы, Ерманы, Пуриаты, Регахы, Гæлиаты, Узы Авд дзуармæ. Алы ран дæр сын сæ нæмттæ ранымайынц алыхуызон.
         Зæгъæм, урстуаллаг Хъороты Гриша Ерманы Авд дзуары хуыдта: Уастырджи, Уацилла, Таранджелоз, Реком, Ичъына, Цыргъы дзуар æмæ Сырхы дзуар. Æндæр рæтты сæ нымады вæййынц Хъуды Майрæм, Нары бардуаг, Аларды, Хисты дзуар, Дзывгъисы Уастырджи, Æфсати, Фæлвæра, Тутыр, Хуыцауы дзуар æмæ æндæртæ. Ахуыргæндтæ куыд раиртæстой, афтæмæй Авд дзуармæ куывтой нæ раг фыдæлтæ дæр. Фæндзæм æнусы фæсномыг автор фыссы, зæгъгæ, Хъырымы горæт Феодосия алантæ хонынц Ардавдæ. Ардавдæ та академик Абайты Васо абоны ирон æвзагмæ тæлмац кæны Авд дзуары.

         АВДИУÆГ - ирон Нарты кадджыты æмбæлæм дуаг Авдиуæгыл. Зæгъæм, кадджыты загъд ис: “Мæ лæппу фæцыди уæлавмæ, Авдиуагæн иунæг хо ис, æмæ гъе уымæ курæг”. Æвæццæгæн, йæ ном равзæрд Авд дуагæй, зæгъгæ, афтæ зæгъы академик Абайты Васо. Кæс: Авд дзуары. Хъырымы горæт Феодосия дæр алантæ хуыдтой Ардавдæ (Авдиуæг). Кæнæ та Авдиуæг равзæрд Æртæиуоны (Троицæйы) хуызæн. Ома, Æртæ иуæджы - Авд иуæджы.

         АВДИУÆДЖЫ ХО – Нарты Уæл (р)хæджы фырты ус. “Уый хуызæн сылгоймаг никæй хæдзары ис, æртæ нарты уый хуызæн цæхх æмæ кæрдзыныл ничи сбæздзæн”, ? зæгъы нын кадæг.

         АВД УÆЛДЗÆХЫ - уæлхурон уæлдзæхты фыццаг у, адæм æмæ æппæт цæрæгойтæ кæм цæрынц, æмæ зайæгойтæ кæм зайынц, уый зæххы уæлцъар. Уырдыгæй уæлæмæ ма арвы тыгъдады ис æхсæз уæлдзæхы - уæларвы.
         Уыдонæй алкæм дæр цæрынц зæдтæ, дауджытæ æмæ хæрзудтæ. Æппæты уæллаг - æвдæм уæлдзæхы уæларв у, Æмбал кæмæн нæй, Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцауы цæрæн бынат. Уырдæм æм стæхынц, зæдтæй кæй бацагуры, уыдон. Æнæхонгæйæ йæм цæуы, йæ хæдзары дуæрттæ йын гом сты Уастырджийæн.
         Авд уæлдзæхы æмæ Авд дæлдзæхы сты ныхмæвæрд цæрæн бынæттæ, тыхтæ. Хæлар æмæ Хæрам тыхтæ. Уыдонæн æнæ кæрæдзи цæрæн нæй, фæлæ Хуыцау дæлимонтыл куыд тых у, афтæ хæлары фарн хъуамæ тых уа хæрамы фыдæхыл.

         АГУЫНДÆ - афтæ кадæг “Æхсæртæггаты Зивæджы” хуыйны Борæты Бурæфæрныджы чызг. Уый Зивæгыл куы худти, уæд æй Зивæг ралгъыста, Дунескæнæг æнæлæгæй йæ басывæрджын кæн, зæгъгæ. Зивæгæн йæ ныхас цæуаг уыд, æмæ Агуындæ æнæлæгæй куы баæнхъæлцау, уæд ын лæппу райгуырд, æмæ сæ Бурæфæрныджы фæндæй Зивæгимæ къамбецы цармы нывæрдтой, стæй сæ фурды ныппæрстой. Фурды былгæронмæ сæ уылæнтæ раппарынц, æмæ Агуындæйы æрхъуыдыдзинады фæрцы къамбецы цармæй рахилынц. Хъæды æрдузы æрцæрынц, Зивæг Хуыцауæй цы галуан ракуры, уым, æмæ та Нартимæ баиу вæййынц.

         АГУЫНДÆ-РÆСУГЪД - Сау хохы сæр цардис Сайнæг-æлдар. Уыдис ын æвирхъау рæсугъд чызг, чызгæн йæ ном хуындис Агуындæ. Сайнæг-æлдарæн уыцы иунæг чызгæй фæстæмæ цот нæ уыдис, æмæ æнæкæрон бирæ уарзта Сайнæг-æлдар йæ иунæг чызджы.
         Агуындæ-рæсугъдæн йæ цыллæ хъуымбылдзыкку хæццæ кодта раст йæ фадхъултæм. Нарæгастæу æмæ гуырвидауц. Йæ сау цæстыты каст уыдис фæскъæвда хур бон; йæ ми кæнынмæ бавнæлд - цæрдæг, раст бирæгъы фæлæбурдау; денджызы хъазау, уæдæ цы загъдæуа, - йæ рацыд. Райсом раджы-иу тасгæ-уасгæ куы рацæйцыдис дон хæссынмæ, уæд-иу цыма, мæй йæ гогонæй касти, сæнтхур та - йæ цæсгомæй. Уыд рæсугъд пылыстæджы хуызæн урс-урсид къух.
         Нарты сагсур фæсивæдæн-иу сæ бæхты фынк калдис Агуындæ-рæсугъды цæстмæ хъазынæй, фæлæ сæм уæддæр Агуындæ-рæсугъд иу хатт дæр нæ ракаст Сау хохы айнæджы сæрæй. Сайнæг-æлдармæ Агуындæйы тыххæй чи нæ сминæвар кодта, фæлæ дзы иуæн дæр нæ бакуымдта.
         Агуындæ-рæсугъд йæхи куынæ бауромы Ацæйы-фырт чысыл Ацæмæзы уадындзы зардмæ, йæ зарджытæм куынæуал фæлæууы, йæ куыст куы фæуадзы, айнæджы тигъæй куы ракæсы. Ацæмæзæн уарзондзинад йæ уæнгты куы ахъары. Агуындæ-рæсугъд дæр, лæппуйы ауынгæйæ, уарзондзинадæй куы базыр-зыр кæны. Мæнæ куыд зæгъы Сайнæг-æлдар йæ чызджы уарзондзинады тыххæй:
         - О, мæ хивæнд иунæг бындар, куыд дæм кæсын, афтæмæй æнæкæрон бирæ уарзыс сыгъзæрин уадындз æмæ рæсугъд цæгъдтытæ æмæ иуазыккон сæрджын сагтæ, фæлæ уыдонæй тыхджындæр бауарзтай Ацæйы-фырт чысыл Ацæмæзы.
         Иу абонæй иннæ абонмæ фæбадтысты, фæзарыдысты, фæкафыдысты Ацæмæзы чындзхæсджытæ Сайнæг-æлдары хæдзары, стæй рараст сты Сау хохы айнæгæй - Агуындæ-рæсугъды Нартмæ Ацæмæзæн рахастой. Агуындæйы чындздзон уæрдон уыдис æвзистæй, æмæ дзы ифтыгъд уыдис авд сæрджын саджы - Æфсатийы лæвар.
         Чындзхæсджытæн сæ фæстæ авд уæрдоны дзаг - чындзы дзаумæттæ. Агуындæйæн къухылхæцæг уыд бæрзонд Уастырджи, дыккаг æмбал ын - Нарты Уырызмæг. Зæрдæхъæлдзæгæй йæ æрхастой æмæ йæ Нарты Хæдзармæ бакодтой.
         Агуындæ-рæсугъдмæ ис нымæтын ехс. Ацæмæз ын йæ ныхæстæм сæ фыццаг фембæлды куы рамæсты æмæ йæ сыгъзæрин уадындз сау хохы тигъыл куы ныццавта, æмæ уадындз лыстæг муртæ куы баци, уæд Агуындæ æрхызт айнæгæй, æрæмбырд кодта уадындзы сæстытæ æмæ сæ бахаста сæхимæ, йæ нымæтын ехсæй сæ æрцавта, æмæ аныхæстысты, - цы уыдис, уый фестадис сыгъзæрин уадындз. Æмæ йæ афтæмæй фæстæдæр балæвар кæны Ацæмæзæн. Уый йыл йæ чындзæхсæвы бирæ фæзарыд.

         АГУЫР. АГУЫРЫ ÆФСАД - Нарты кадджыты цыдæр æбæрæг адæмыхатт. Се 'фсад афтæ бирæ сты, æмæ быдырты нæ цæуынц. Бырсынц Нартæм, тых сын кæнынц, фæлæ сæ фæстагмæ Нарты Айсана бындзагъд фæкæны. Кадæг “Айсана”-йы уæларвон Сафайы уазджытæ Уастырджи, Æфсати, Тутыр, Уацилла, Ногбон æмæ Елиа фынгæй куы сыстадысты, уæд зæхмæ фæлгæсын байдыдтой, кастысты Нарты хъæумæ. Кæсынц, æмæ Нарты хъæуы Агуыры æфсæдтæ бæхы фаджысы бын фæкодтой.
         Нарты адæмæн сæ бæгуыдæртæ хæтæны уыдысты, фæлæ иннæтæ иу ранмæ æртымбыл сты, симд сарæзтой æмæ симынц. Агуыры æфсæдтæ фат йæ уæнтыл кæмæн ныццæвынц, уый рогдæр асимы, арц йæ уæрджытыл кæмæн ныццæвынц, уый тынгдæр скафы. Дисыл фесты зæдтæ: “Цæмæй конд сты ацы Нарт - йе сæ фат куынæ хизы, йе сæ кард куынæ кæрды”.
         Айсана Сафайы хъан уыд, йæхи хæстон арæзт скодта. Уастырджийы лæвар бæхыл абадт, æрцыд Нарты хъæумæ, Агуыры æфсæдты цур балæууыд. Байдыдта сæ цæгъдын æмæ кæй мардта, уыдоны туджы зæй иннæты ласта. Афтæмæй Агуыры æфсæдты ныццагъта.

         АДÆДЗÆ - ирон адæмон сфæлдыстады Хурæн ис æртæ чызджы Адæдзæ-Нарты Уæрхтæнæджы иунæг фырт Сыбæлцы ус, Ацырухс-нæрæмон Сосланы цардæмбал æмæ Хорческæ - болатрихи Хæмыцы ус. “Сыбæлц æхсæвы райгуырди, - зæгъы кадæг “Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц”. - Куы сбон ис, уæд Хур рудзынгæй æрбакастис, æмæ Хуры тынтæ Сыбæлцы цæстытыл хъазын байдыдтой; лæппуйы цæсгом ныррухс ис Хуры тынтæй. Уæрхтæнæг уый куы ауыдта, уæд бахудти, æмæ йæ йæ ус афарста:
         Цæуыл афтæ зæрдиагæй ныххудтæ, нæ лæг?
         Уæрхтæнæг ын загъта:
         Æз ма йын уымæй тарстæн, хъуыддаг куы нæ суа, мыййаг, зæгъгæ, фæлæ ныр хорз рауад - дысон Хурæн дæр чызг райгуырди æмæ ныр рудзынгæй Сыбæлцы цæстытæм æрбакасти æмæ лæппуйы бауарзта, æмæ æз гъе ууыл ныххудтæн.
         Адæдзæ-рæсугъд æмæ нæртон Сыбæлц сæ цард баиу кодтой Хуры хæдзары. Уырдæм Сыбæлцы аскъæфтой Хуры хъæуы лæппутæ, мæнæ нæ сиахс, зæгъгæ. Хуры хæдзарæй Нартмæ цæуын фæнд куы скодтой, уæд Адæдзæ йæ фыд Хурæн афтæ зæгъы: “Мæ хицауæн цы лæвар фæхæссон?” Æмæ йын Хур зæгъы: “Мæнæ йын ацы згъæр ахæсс”. Æмæ йын радта згъæр. Згъæр та ахæм згъæр уыди, æмæ йе 'фцæгъотæй заргæ кодта, йæ риутæй - хъырнгæ, йæ дыстæй - æмдзæгъд, йæ фæдджитæй та - кафгæ. Згъæр рахастой, афтæмæй æрцыдысты Сыбæлц æмæ Хуры чызг рæсугъд Адæдзæ зæронд Уæрхтæнæджы хæдзармæ æмæ уым чындзæхсæвтæ фæкодтой.

         АДÆЙМАДЖЫ СТЪАЛЫ - ирон динон уырнынадмæ гæсгæ алы адæймагæн дæр арвыл ис стъалы. Уый райгуыры йемæ æмæ ахуыссы, куы амæлы, уæд. Уый куыд æрттива, афтæ амондджын у йæ царды адæймаг. Йæ хъуыддæгтæ хорз кæмæн фæцæуынц, уымæй фæзæгъынц: “Уымæн йе стъалы арвыл цæхæртæ калы”, кæнæ “Амондджын стъалыимæ райгуырд”.

         АДÆХЪЫЗ - нæртон рæсугъд Уæзæфтауы мад. Йæ лæг раджы амард. Йæ чызг куы бахъомыл, уæд ын бар радта, йæхи кæмæй фæнды, уымæй смой кæнын. Уæзæфтау равзæрста Ацæмæзы. Адæхъыз Нарты ‘хсæн нымад уыд зондджын сылгоймагыл, йæ амындмæ хъуыстой, фарстой йæ зондæй (кадæг “Адæкези кизгæ Уæзæфтау”).

         АДУХÆ - Нарты Уырызмæг æмæ Сатанайы чызг.

         АДЫЛ - Нарты кадджыты тынг хъæздыг лæг. Кадæг “Сатанайы лæппу”-йы кæсæм Уырызмæджы ныхæстæ: “Дыууæ доны кæм баиу вæййынц, уыцы ран йæ галуаны цæры æмæ хæры Адыл... Адылы хъæздыгæн æндæр хъуамæ макуы разына”. Йæ галуаны алыварс ис фидæрттæ. Ис ын иунæг чызг, хонгæ та йæ кæнынц Адылы рæсугъд чызг.

         АДЫЛЫ РÆСУГЪД ЧЫЗГ - (вариант 1) Сатанайы лæппуйы ус. Кадæг нын зæгъы, зæгъгæ, Адылæн ис ахæм чызг, æмæ арв йæ къабæзтæ кæм ауагъта, уым уый хуызæн уындæй дæр, æгъдауæй дæр нæ разындзæн. Дунейы хæрзæджытæй йыл чи нæ сдзырдта, ахæм нал баззад, фæлæ нæ комы никæмæн. Адылы рæсугъд чызг зоны, йæ мойаг кæй у Нарты Сатанайы хорз лæппу, æмæ уымæ æнхъæлмæ кæсы. Æмæ куы баиу сты, уæд сын цæрынтæ бацайдагъ Адылы фидæртты, дыууæ доны астæу хуыдзыхау кæм фæци, уым, æппæтæй дæр æххæст, афтæмæй. Адылы рæсугъд чызг йæ мойæн зæгъы: “Æвæдза, лæппуйæн бинонтæ куы фæци, афтæ йæ нал фæхæссы хæдзарæй йæ къах. Кæсын дæм, æмæ дæ гуымиры тых цæйбæрц райрæзт, уый бæрц дæ зонд нæма у! Гуымиры тых та зонд куынæ араза, уæд фыдбылызы сæдзы адæймаг”. Æмæ йæ арвыста Тархъы Сындзмæ сау рувасы ахсынмæ. Уымæн та йæ ныхыл уыд æртæ æрдуйы: сæ иу ын зондамонæг сси, аннæ йын фестад рон, æртыккагæй скодта æгънæджытæ, æвзист æмæ сыгъзæрин арæзт. Йæ усы зондæй Гуры фидар байсджыты разæй цæуæджы хай æртæ дзаумайы: æрчъиаджы султъы, нымæтын ехс æмæ гамхуд дæр æрхаудысты уымæ. Уый фæрцы Нартæ базыдтой, Сатанайы лæппу кæй у, æмæ йæ Адылы рæсугъд чызгимæ рахуыдтой Нарты бæстæм цæрынмæ.

         АДЫЛЫ ЧЫЗГ – (вариант 2) цæры æрхуы мæсыджы уæллаг уæладзыджы. Мæсыгмæ бахизæны иу кадæгмæ гæсгæ зилынц налмас цæлхытæ, иннæ кадæгмæ гæсгæ та Адылы чызджы хъахъхъæнынц, мæсыджы алыварс зæххыл цыдæриддæр ис, уыдон, суанг дуртæ дæр. Аскъæфæн ын ис æрмæстдæр арвыл. Уый сæ къухы бафтыд Уастырджи æмæ Уациллайæн. Уацилла арв æмæ зæхх кæрæдзиуыл ныххоста. Адылы чызджы мæсыг дæр бындзарæй нызмæлыд, æмæ мæсыджы бадæг фæрсагæй ракаст, адæм иууылдæр фæцагъд сты, уый базоныны тыххæй. Уыцы рæстæг Уастырджи та цæргæсы хуызы бацыд æмæ бадт мæсыджы фæлгуырыл. Уастырджи чызджы фелвæста æмæ йæ рахаста Алыты Алымбеджы чызгмæ. (Кæс “Алыты Алымбеджы чызг”).
         Адылы чызг у саурæсугъд сауæрфыг. Йæ иу ракаст дæр - хурыскастау, йæ мидбылхудт дзæбæх кодта алы низтæ, йæ даргъ дзыккутæ - сынты базыртау, йæ æрфгуытæ - ног мæйау къæлæстæ.

         АЗА-БÆЛАС - зайы Мæрдты бæсты. Дзæнæты бæлас. Йæ сыфтæм ис низтæ сурын æмæ мард æгас кæныны тых. Кадæг “Сослан Мæрдты бæсты”-йы. Сослан Хуры чызг Ацырухсы куы куры, уæд йæ ирæды ис Аза-бæласы сыфтæ, æмæ йын Сатана афтæ зæгъы: “Аза-бæласы сыфтæ ацы дунейыл никуы ссардзынæ, уыдон ракурын хъæуы Мæрдты бæсты хицау Барастырæй, æмæ дын сæ дæ мард ус Бедуха куы нæ ракура, уæд дæ къухы нæ бафтдзысты”. Сослан фæцыд Мæрдты бæстæм æмæ æрхаста Аза-бæласы сыфтæ.

         АЗА-СЫФ - Аза-бæласы, Мæрдты бæсты Дзæнæты бæласы сыф.

         АЗАУ (ХАН) - РÆСУГЪД – Иу кадæгмæ гæсгæ Хурæн авд чызджы уыди. Æхсæзы дзы Залиаг калм бахордта. Æвдæмы, Азау-рæсугъды, хохы сæр мæсыджы бакодта æмæ йыл дзаума хуыйынæй хъалон сæвæрдта. Тагъд-тагъд хуыйгæйæ-иу йæ болат судзин куы сзынг, уæд ын йæ къухтæ сыгъта æмæ-иу æй цъитимæ баппæрста. Азау-рæсугъды Залиаг калмæй фервæзын кæны фосы Фæлвæрайы фырт Дзудзумар. Дзудзумаримæ сæ фыццаг фендæй кæрæдзи бауарзынц æмæ куы фембæлынц, уæд “кæм ма уыд хуыд, кæм ма-сынк. Кæрæдзиуыл дæллагхъуыр-уæллагхъуыр кæнынц чызг æмæ лæппу”,- зæгъы нын кадæг.
         Азау-рæсугъд у зондджын сылгоймаг. Йæ зонды фæрцы Дзудзумар уæлахиз кæны цыфæнды зынтыл дæр. Ис æм нымæтын ехс, цыппарæрдæм æй рахæссы æмæ йæ цы фæнды, уый йæ разы фесты.

         АЗÆЛД - уынæры бардуаг, уддзæфы бардуаг Уахъæзы æфсымæр. Таурæгъмæ гæсгæ сæ мад амард, Азæлд дзурын дæр нæма зыдта, афтæ. Æмæ баззад йæ иунæг æнахъом хо Уахъæзы æвджид. Уый йын уыд хо æмæ мад дæр. Йæ хъомылад иууылдæр уыд уый бæрны. Уый йæм каст, рæвдыдта йæ, узæлыд ыл. Ахуыр æй кодта дзурын, къахдзæфтæ кæнын. Сæ кæрæдзийыл æрхъæцмæ нæ лæууыдысты. Цардысты æмæ рæзыдысты кæрæдзийы цинæй. Фæлæ сæ мады фæстæ сæ удæнцойдзинад бирæ нæ ахаста. Фыд ус æрхаста. Уый æгъатыр фыдсыл разынд æмæ сидзæрты æнæмæт, зæрдæрай цард фехæлдта, йæ мæрдты уæнгæл федта хо æмæ æфсымæрæй. Схуыст ныхас, рæхуыст йеддæмæ дзы иу рæвдыд ми нæ банкъардта Уахъæз. Сывæллон, дам, зæрдæ зоны - йæ иу фендæй дæр-иу скуыдта Азæлд. Æмæ уымæй ноджы карздæр кодта фыдыус.
         Уахъæз бонæй-бон тынгдæр мысын райдыдта йæ мады. Кæугæ-дзыназгæ-иу, Азæлд йæ хъæбысы, афтæмæй балæууыд хъæуы сæр уæлмæрды, йæ ингæны уæлхъус-иу бирæ фæбадт, йæ хъæстытæ йын-иу фæкодта. Иуахæмы та уæлмæрды кæуын æмæ дзыназынæй куы бафæллад, уæд йе 'фсымæры фарсмæ нæууыл æрфынæй. Азæлд ма уæд дæр дзурын нæ зыдта, æрмæст-иу фæзмæгау иугай ныхæстæ скодта. Зынтæй цыд къахыл дæр. Ныр дæр йæ хойы кæуынмæ Уахъæзæй раздæр æрфынæй нæууыл æмæ хъал дæр раздæр раци. Дыгъал-дыгъул кæнгæ слæууыд йæ къæхтыл æмæ уæлмæрды кæрон рындзмæ хъавгæцудгæ цыдæй араст. Араст йе сæфты фæндагыл. Чи йæ баурома, йæ къух æм чи бадара, уый йæ иунæг хо, фæлæ ууыл куыдвæлладæй хуыссæг фæтых, йæ быны йæ скодта, æмæ йæхи дæр не 'мбары. Мад уа, æмæ ингæны къултæ куыд атона! Æндæр змæлæг нæй.
         Азæлд рындзмæ бахæццæ, иу чысыл фæцудыдта, æмæ дæ фыдгул - афтæ. Рындзæй асхъиудта æмæ дуры къуыбарау дæлдзинæгмæ фæтæхы. Кæцæйдæр ма хаугæ-хауын йæ хойы номимæ йæ кæуын сыхъуыст. Уахъæз йæ бынаты фесхъиудта, фехъал æмæ, йе 'фсымæры йæ фарсмæ куы нæ ауыдта, уæд хъæр кæцæй фехъуыст, уыцырдæм “Азæлд! Азæлд!” хъæргæнгæ фырадæргæйæ азгъордта. Хуыссæнхъæлдзæгæй йæ æрбайрох уæлмæрды кæроны рындз, æмæ дзы йе 'фсымæры фæдыл асхъиудта. Азæлд æмæ Уахъæзы агурæг хъæубæстæ фæфæдис сты, дæлдзинæгæй сæ схастой, фæмарой сыл кодтой, стæй сæ баныгæдтой сæ мады фæйнæфарс. Саби зæд у, - фæзæгъынц ирон адæм. Сæ хъысмæтыл Хуыцауы зæрдæ дæр фæрыст æмæ сын се 'взонг удтæ Мæрдты бæстæм нæ ауагъта. Ныууагъта сæ Зæххыл. Æмæ ма абон дæр иумæ Арвæй Зæххы æхсæн хæтынц. Систы уынæр æмæ уддзæфы бардуæгтæ. Азæлд ныр дæр ма дзурын нæ зоны æмæ фæзмæгау кæны алы уынæр дæр. Хъазы, худы, мах дæр йæ митыл цин кæнын кæны. Уахъæз ыл ныр дæр у иузæрдион, йæ хъæбысы йæ радав-бадав кæны хæхты, дæтты, быдырты сæрты, иумæ фæмидæг вæййынц хæхты цъассыты, лæгæтты, нарæг, къуындæг бынæтты, æмæ та уырдыгæй райхъуысы уынæры бардуаг Азæлды фæзмæгой хъæлæсы хъазт. Уахъæз æй рæвдауы, узæлы йыл. Йæ узæлд æнхъæвзы адæммæ дæр. Æнтæф бон ма Уахъæзы узæлдæй хуыздæр цы ис! Йæ андзæвд, йæ улæфт ын хуымæтæджы уддзæф нæ хонæм - нæ удты нын рæвдауы. Азæлд та нын фæзмы нæ ныхас æмæ нæ худын кæны нæхиуыл.

         АЗН - кадæг “Сослан æмæ Уырызмæджы” (В.Миллеры фыст) Азн у Нарты знаг. Сæ æдыхы рæстæг сыл хъалон сæвæрдта: карк кæмæ ис, уымæй сæдæ карчы, фос кæмæ ис, уымæй сæдæ фысы, хъуг кæмæ ис, уымæй сæдæ хъуджы, гал кæмæ ис, уымæй сæдæ галы, бæх кæмæ ис, уымæй сæдæ бæхы, бындзы сæры магъз къоппайы дзаг, хуысар хъуымацы сыгъдонæй батманы (тæсчъы) дзаг, царв физонæггаг, Тутыры гуырд дыууæ галы, залгъæдæй сын æфсондз. Уыдон нын куынæ ссарат, уæд уæ хъæухаст ракæндзыстæм.

         АЗНЫ ÆРТÆ ФЫРТЫ - Азн амард, фæлæ йын баззад æртæ фырты. Уыдон æнæнхъæлæджы фембæлдысты Сослан æмæ Уырызмæгыл æмæ сæ æрдомдтой сæ фыды хъалон. Нартæ сагъæсы бахаудтой. Уæд Сатана Уырызмæгæн афтæ: “Донбеттыртæм лæппу радтон æмæ сын уый куы ницы хос скæна, уæд никæй бон суыдзæн”. Стæй Сатана Донбеттыртæм фæцыди æмæ сын загъта: “Æз уæм цы лæппу радтон, уый рарвитут, кæд истæмæн бæззы, кæннод Нартæ сæфынц”. Æмæ йæм уыдон рахуыдтой Уырызмæджы фырт Асанайы. Уый ацыдис Азны фырттимæ хæцынмæ æмæ æртæйы дæр амардта.

         АЗНЫ БЫДЫР - Нарты Уырызмæг æмæ Сослан Азны æртæ фыртыл фембæлынц Азны быдыры.

         АЗЫРТÆ - Нарты кадджыты фыдгæнæг адæм. Нарты адæмимæ нæ фи-дыдтой. Истой тыхæй, мардтой æмæ стыгътой. Адæмæн тых кодтой, фæлæ сын Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгимæ уый нæ рауад. Уæрхæджы сæ уазисæнмæ мæнгардæй куы басайдтой æмæ йæ, цъæх арт кæй бын сыгъд, ахæм цæджджинаджы куы ныппæрстой, уæд æм Уæрхтæнæг æххуысмæ фæзынд.
        Уæрхтæнæг сын сынæгæй сæ дурын къултæ стыдта æмæ тæвд агæй Уæрхæджы фелвæста. Дыууæ æфсымæры сæ кæрдтæ фелвæстой, Азыртыл ралæууыдысты æмæ сæ мыггаг нал ныууагътой. Быны сау сæфт сæ фæкодтой, стæй сын Нартæм æртæлæт кодтой сæ ис, сæ бис. Азырты бæстæ дæр сæхи бакодтой.

         АЗЫРТЫ ГУЫМИР - Азыртæ тыхджын æмæ фыдмыггаг уыдысты. Тых хастой алкæмæн, æмæ сæм ничи уæндыд. Уымæй уæлдай ма сæм уыд гуымир дæр. Уымæн йæ цæстытæ уыдысты цады йæстæ, йæ цæнгтæ - стыр хъæдтæ, дзых - авд ивазны бæрцæн, дæндæгтæ-дуæрттæ, зæнгтæ - цъынаты стæвдæн. Тыхгæнæг ын тых нæ ардта. Йæ мæлæт та уыд йæхи кардæй. Уымæй дæр æй кæд раздæр æхсидгæ доны фæтъыстаид, кæннод ыл не схæцыдаид. Азыртæ сæ гуымиры сардыдтой Нартыл, цæмæй сæ мыггагскъуыд фæкодтаид. Фæлæ йыл Уæрхтæнæг зондæй фæтых: йæ сусæгдзинæдтæ дзы ракъахта, стæй йæ цæлы фынгыл авд гарзы ронгæй фæрасыг кодта. Æмæ гуымир куы афынæй, уæд æй йæхи кардæй барæхуыста.

         АЙГУЫРТÆ - “ахæм адæм уыдысты æмæ туг æмæ æхсырæй цардысты” - зæгъы нын кадæг “Фарнæг æмæ айгуыртæ”. Айгуыртæ сæ хъомвосы дæйгæ дæр кодтой æмæ сын сæ туг дæр цъырдтой. Нæ ауæрстой адæмы туг цъирыныл дæр. Айгуыртæ алы майрæмбоны размæ боны кæнæ æхсыр, кæнæ тугæмхæццæ æхсыр хъуамæ нуæзтаиккой. Иуахæмы ныббырстой Нартæм дæр. Авд æхсæвы æмæ авд боны фæхæцыдысты Фарнæг æмæ Нартæ айгуыртимæ. Нартæ сыл фæтых сты, стæй айгуырты бæстæм ныфсæрстой æмæ сæ бындзагъд ныккодтой.

         АЙНÆДЖЫ ФИДАР - арæх æмбæлы ирон адæмон сфæлдыстады, уæлдайдæр та - Нарты кадджыты. Сослан Бедухайы куы ракуры, уæд æй цæрынмæ ахоны Айнæджы фидармæ.

         АЙСАНА - Нæртон Уырызмæг æмæ Сатанайы фырт. Кадæг “Уырызмæг æмæ Сырдон” нын зæгъы: “Нартæ æрæмбырд сты æмæ загътой: “Уырызмæг йæхиуыл фæхæцыди æмæ фервæссыди йæхиуыл. Ныр ма уымæн зæнæг куы фæуа, уæд йæ зæнæг дæр сæ фыды хуызæн рахæсдзысты, æмæ ма уæд махæн Нарты 'хсæн цæй цæрæн ис?” Рахъуыды-бахъуыды байдыдтой, ратæрхон-батæрхон æмæ ницы сæ бон у æрымысын. Уæд загътой: “Сырдоны бафæрсæм”. Сырдон Нартæм мæсты уыди æмæ сæ Ныхасмæ дæр нæ цыди. Ныхасмæ йæ æрбахонын та йæ ныфс ничи хаста æмæ хъæлæба систой. Сæ хъæрмæ фæзынд Уырызмæг æмæ уый сразы Сырдонмæ фæцæуыныл, æцæг сæ цæмæн хъуыд, уый нæ зыдта. “Фæлтау мæ уадз, Уырызмæг. Дæуæй ма æфхæрд нæ зонын, æмæ мæм дæхи ма хæрам кæн”, - зæгъы йын Сырдон, фæлæ йæ Уырызмæг æнæцæугæ нæ ныууагъта.
         Нартæ æнцад нал уадзынц Сырдоны, мыхъытæ æмæ йæ гуыппытæ кæнынц: “Раст нын зæгъ, Уырызмæгæй куыд фервæзæм, уый. Кæннод дæ марæм!”Уырызмæг æм дзуры: “Зæгъ, Сырдон, куыд мæ фервæзой, уый”. “Уæдæ дæ тæригъæд дæхи: Сатанайæ дын цы зæнæг цæуа, уыдон дын кæронмæ ма цæрæнт! Уæд дæ Нартæ дæр фервæздзысты”.
         Сырдоны дзырдтæ Уырызмæгыл æрцыдысты. Сатанайæ цы цот гуырди æргомæй дæр æмæ фæсаууонæй дæр, уыдонæй иу дæр лæджы рæгъмæ нæ хæццæ кодта - Уырызмæджы къухæй иу мæрдтæм бацыд. Уымæ гæсгæ-иу Сатанайæн лæппу куы райгуырд, уæд æй куы йæ мадырвадæлтæ Донбеттыртæм æмбæхста, куы йæ чырынгонд бæлæгъы æвæрдæй фурды æппæрста (кадæг “Сатанайы лæппу”). Айсана сын куы райгуырд, уæд та йæ уæларвон Сафа йæхицæн хъан скодта. Лæппуйæн куывд чи скодтаид, йæ хъаны бар уый уыди. Сафа урс галы æфцæгыл зæлдаг бæндæн бафтыдта æмæ йæ æркодта Нарты хъæумæ. Ныхъхъæр кодта Уырызмæджы дуарæй: “Чи райгуырд, уый цæринаг, йæ къахы бар та мæн куыд уа!” Йæхæдæг гал аргæвста æмæ куывд скодта Нартæн. Лæппуйыл ном сæвæрдта Айсана, зæгъгæ, стæй йæ Сафа йемæ ахуыдта уæларвмæ.
         Айсана куы рахъомыл, уæд æм Сафайы хæлæрттæ Уастырджи, Æфсати, Тутыр, Уацилла, Ногбон æмæ Елиа уынынмæ æрцыдысты. Сафа уазджыты бакодта хæдзармæ, æрбадын сæ кодта дывæхсыг бандæттыл æмæ сын сæ разы фынгтæ æрæвæрдта алыхуызон минасимæ. Айсана йæ худ систа æмæ уазджыты раз уырдыг лæууын райдыдта.
         Уазджытæ фынгæй куы сыстадысты, уæд зæхмæ фæлгæсынц, кæсынц æмæ Нарты хъæуы Агуыры æфсæдтæ фаджысы бын фæкодтой. Нарты адæмæн сæ бæгуыдæртæ хæтæны уыдысты, иннæтæ иу ранмæ æртымбыл сты. Зæдтæ фæстæмæ баздæхтысты, æрбадтысты та фынгтыл æмæ дисгæнгæ радзырдтой Сафайæн, зæххыл цы федтой, уый. Сæ ныхæстæм Айсанайæн йæ дурын йæ къухæй æрхауд, загъта сын: “Нарты хъæуы зæронд мад æмæ фыд ныууагътон, æмæ сæ афонмæ Агуыры æфсæдтæ сæ бæхты къæхты бын ныккодтой, æз та ам кæрдзынтæ хæрын”.
         Айсанайæн Агуыры æфсадимæ тохмæ Уастырджи радта йæ къуылых уадсур бæх, Елиа - йæ хъæргæнаг, Тутыр - йæ хæдæхсгæ сагъадахъ, Уацилла - йæ болат кард. Ногбон та загъта: “Æз дæр ын æххуысгæнæг уыдзынæн хæсты быдыры, мæ лæвар райсдзæни хæсты фæстæ”. Айсана йæ бæхыл абадт æмæ, фырмæстæй цæхæртæ калгæ, Агуыры æфсæдты цур балæууыд. Байдыдта сæ цæгъдын, æмæ кæй мардта, уыдоны туджы зæй иннæты ласта, афтæмæй Агуыры æфсæдты ныццагъта. Нарты фервæзын кодта, уый нæ, фæлæ ма Сосланы усæн, хурныгуылдæй æмбисæхсæвмæ дидинæг чи æфтауы, æмбисæхсæвæй бонмæ рæгъæд чи кæны æмæ дыууæ хохы фырыты хæст кæуыл кæнынц, уыцы бæлас æрхаста æмæ йын æй йæ дуармæ ныссагъта. Йæхицæн усæн æрхаста Саумæрон Бурдзæбæхы. Уырызмæг, Сослан æмæ Хæмыц дæр хæтæнæй æрцыдысты, æмæ уыдоны цинæн та æппын кæрон нал уыди, Агуыры æфсæдты пырхæй куы федтой, уæд.
         - Йæ рынтæ йын бахæрон мæ чысыл Айсанайæн, нæ хъæу нын чи фервæзын кодта знаджы бæхты сæфтджытæй, йæ цæрæнбон бирæ уа ме 'рдхорд Сафайæн дæр, ахæм саггуырд лæппу чи схъомыл кодта Нартæн, - загъта Уырызмæг.

         АЙСАТЫР - ирон мифологийы Уастырджийæн ис авд фырты, дыууæ дзы ? Айсатыр æмæ Хæмæтхъан. Кадæггæнджытæ сæ хонгæ та кæнынц: “Уастырджийы сахъ фырттæ Айсатыр æмæ Хæмæтхъан.

         АКУЛА - Нарты Батрадзы æмкъай, авд æфсымæры иунæг хо, арвы рухс æмæ зæххы фидауц.
         Нарты гуыппырсартæ бæллынц йæ уындмæ, фæлæ уый сæ къухы не 'фты. Зæронд Уырызмæгæн бантыст Акулайы рæсугъды Нарты симдмæ æркæнын. “Мемæ расим! Мемæ расим!”, зæгъгæ, йæм Нарты гуыппырсартæ радыгай цæуынц, фæлæ дзы Акула кæмæ цы фау æрхæссы, кæмæ цы фау. Фæстагмæ йæм бацыд Батрадз. Уымæ ницы аипп ары Акула-рæсугъд, фæлæ йын йæ разы æвæры хæс: Нарты хистæртæй иуы - Уон, зæгъгæ, йæ ном уый ахаста Хъæндзæргæс. Кæд Батрадз Уоны Хъæндзæргæсы уацарæй ракæна, уæд Акула сразы уыдзæн Батрадзимæ канд расимыныл нæ, фæлæ йæ цард бабæттыныл дæр (кадæг “Нарты симд кæнæ Батрадз ус куыд ракуырдта”).
         Батрадз ацыд, Хъæндзæргæсы амардта æмæ Уоны æркодта Нарты бæстæм. Акула йæ ныхас нæ фæсайдта. Акулайæн ис æхгæд тулæг рудзынгимæ.

         АЛАРДЫ - ирон мифологийы æппæты карздæр бардуаг, сывæллæтты низ фадынæджы бардуаг. Рагон Ирыстоны-иу фадынæгæй сабитæ дзæвгартæй цагъды кодтой, цы сывæллон-иу дзы фæрынчын, уымæн-иу сдзæбæх æнхъæл ничиуал уыд. Афтæ карз уыд ацы низ, æмæ дзы ирон адæм тынг тарстысты. Уый тыххæй дзы нымд кодтой, йæ фæсномыгæй йæ хуыдтой “дзуар”. Дзуары бынаты йæ сæвæрдтой. Аларды та уыд йæ бардуаг. Уымæ куывтой, уымæй агуырдтой, цæмæй сын сæ цотмæ фадынæг ма æрбауадза. Алардыйы хуыдтой рухс, сыгъзæрин. “Рухс, сыгъзæрин Аларды, табу дæхицæн, - куывта-иу хистæр.- Зæхмæ куы æрцæуыс, уæд-иу нæ хъазгæ-худгæйæ ныууадз! Де 'ргом нæм макуы равдис. Дæ чъылдыммæ дæм сыгъзæрин тæбæгъты кувдзыстæм”. Алардыйы бæрæгбон афæдз вæййы дыууæ хатты: уалдзæджы æмæ рагвæззæг, къуырийы бонтæй та - къуырисæры. Ирон адæммæ-иу уæлдай кадджындæр уыд, сывæллæттæ-иу фадынæгæй рынчын кæнын куы райдыдтой, уæд. Рынчыны цур хъæрæй ныхас нæ уагътой, чи йæм каст, уый та хъуамæ уыдаид хæрз сыгъдæг æмæ аив уæлæдарæсы. Алардыйæн æргæвстой урс уæрыччытæ, кæнæ афæдздзыд фыстæ. Цæмæй йын йæ хорзæх ссардтаиккой, уый тыххæй-иу йæ номыл куывдтæ адаргъ сты мæйы бæрц дæр.
         Алардыйы куывдты кæд устытæ нæ бадтысты, уæддæр ыл уыдонæй тынгдæр ничи аудыдта: цотгæнæг уыдон сты, сомы дæр дзы уыдон кодтой. Ногбоны-иу Фыссæн æхсæвы чызджытæ куывтой, цæмæй сын Аларды сæ фидæны цот фадынæгæй бахъахъхъæна. Уæдæ æппæты тынгдæр æлгъыст та уыд: “Алардыйы фыдæх ссар”. Фадынæгæй-иу цы сывæллон амард, ууыл Алардыйы тæсæй кæугæ дæр нæ кодтой. Алардыйы зарæг кæнгæйæ-иу æй баныгæдтой.

         АЛАРДЫЙЫ ЗАРÆГ
        Табу дæуæн кæнæм, рухс Аларды!
        Хуссары мæнæуæй - дæ чъирийаг
        Уæй, табу - дæ бæгæныйаг
        Табу дын фæуæд, рухс Аларды!
        Фæлвæрайы фосæй дын урс уæрыкк нывондаг!
        Табу дын кæнæм, сыгъзæринбазырджын рухс Аларды!
        Фæрвы хуымæллæгæй - дæ бæгæныйаг
        Мысираг æвзист - дæ мысайнаг.
        Меретаг бæмбæг - дæ æвæрæн.
        Æй! Табу, табу дын кæнæм, рухс Аларды!
        Уæй! Фидинаг чи у, уыдон дзæбæхæй бафидын кæнай
        Уæй! Табу, табу дын кæнæм, рухс Аларды!
        Сыгъзæрин куы сты дæ базыртæ!

         АЛАРДЫЙЫ ХУЫМ - комы, хъæуы зæххыты сæрмагонд хуым. Цы тыллæг дзы-иу систой, уымæй куывдтæ кодтой Алардыйы номыл - сывæллæтты низты (дзуар, фадынæг...) бардуаджы номыл.

         АЛАСА - чысыл уæвгæйæ тынг фæразон æмæ тыхджын чи у, ахæм бæхы мыггаг кадджыты æмæ таурæгъты. Зæгъæм, кадæг “Уырызмæджы æнæном лæппу”-йы Уырызмæджы номхæссæн бæх Æрфæнæй дæр йæ фырты Аласа-бæх разыны фидардæр æмæ фæразондæр арф миты цæугæйæ, æмæ йæ Уырызмæг разæй ауадзы, абонæй фæстæмæ кæстæрæн разæй цæуын худинаг мауал уæд, зæгъгæ.

         АЛÆГАТÆ - Нарты сæйрагдæр æртæ мыггагæй иу. Кæс: “Æртæ Нарты”. Алæгатæй сты Ацæ, Ацæмæз, Алымбег æмæ йæ фырт Тотрадз. Уырызмæджы фыццаг ус Елда. Ис сын Стыр хæдзар. Алæгатæ сты зондамонæг æмæ, æвæццæгæн, дингæнджытæ. Нарты Уацамонгæ дæр уыдонмæ æвæрд ис. Уыдон æй рахæссынц Нарты Ныхасмæ. Сты Дæллаг Нарт.

         АЛÆГАТЫ ЧЫЗГ - афтæ хоны Нарты Уырызмæг йæ фыццаг ус Елдайы.

         АЛÆЙ-БУЛÆЙ - чындзæхсæвы хæдфæстæ дыккаг æхсæв-иу чындзы къухылхæцæг æмæ чызг фæсивæд уатæй хæдзармæ Сафайыл бафæдзæхсынмæ, йæ хыз исынмæ заргæ куы кодтой, уæд-иу стæй хæдзары дæр чызджытæ сæ зарды хъæрæй фæлхатт кодтой: “Алæй-булæй! Ой, алæй-булæй!”. Уымæ гæсгæ ацы зарæг хуыдтой “Алæй-булæйы зарæг”. “Алæй-булæй! Ой, алæй-булæй!” сты зарæджы ныхæстæ, зарæг цыренгæнæн фæрæз, фæлæ цы амонынц, уый бæрæг нæу. Хъаныхъуаты Инал дæр йæ этнографион очерк “В осетинском ауле (5 мая 1870 года, аул Брута)”-йы зарæг “Алæй-булæй! Ой, алæй-булæй”-йы тыххæй фыссы: “Я не могу передать смысл этих слов, ибо на осетинском языке они ничего не означают”.

         АЛÆМÆТЫ (диссаг, цард, бæстæ) - дзуринæгты дзуринаг диссаг. Æрцæуы аргъæутты, таурæгъты, кадджыты. Алæмæты цард æмæ бæстæ дæр сты адæмон сфæлдыстады æмæ дзурынц адæмы бæллиц, сæ тырнындзинадыл.

         АЛÆФ - сохъхъыр уæйыг Æфсæроны хъал фырт. Нартæ Зилахары сарæзтой стыр симд, ахæм симд, æмæ зæхх сæ быны рызти. Симды Нарты гуыппырсартæй иу дæр нæ уыди, - нæдæр Уырызмæг, нæдæр Сослан, нæдæр Батрадз. Алæф сæм хохæй бынмæ касти æмæ загъта: “Цон, æмæ Нарты симдмæ ныццæуон, хорз фæсимон, фæхынджылæг кæнон Нарты фæсивæдæй æмæ сын сæ дзаумæттæ схæссон”.
         Бæргæ йын дзырдта йæ фыд Æфсæрон: “Уæ макæ, ма ацу, Нарты гуыппырсартæй дын исчи исты фыдбылыз сараздзæн - уыдонæй арв нæрын куы нæ уæнды. Фæлæ нæ байхъуыста фырт йæ фыды зондамындмæ. Ныццыд Нарты симдмæ тулдз къала бæласимæ. Симы, уæдæ цы, хъал Алæф æмæ Нарты фæсивæдæй кæмæн йæ къух бамур кæны, кæмæн йæ фæрстæ балхъивы. Хъæрзынц Нарты фæсивæд, фæлæ сæ уæддæр кæм уадзы. Изæры йæ фыдмæ хъæлдзæгæй куы сыздæхт, уæд æм уый дзуры: “Æнхъæлдæн, саудзагъд æмæ къуыпных лæппу уым нæ уыди!”
         Дыккаг бон дæр та Нарты симды балæууыд Алæф. Уыцы рæстæджы Хæмыцы фырт Батрадз бадти хохы сæр цъитийыл, йе 'ндон уазал кодта. Касти уырдыгæй æмæ уыдта, Зилахары цытæ цæуы, уый. Æмæ хæххон цæргæсау йæхи раскъæрдта. Симды æрхæцыд Алæфыл. Симгæ-симын ын йæ къахыл фæлæууыд æмæ йын йæ цонг скъуырдта. Атæбæкк ис Алæфы къах, йæ цонг та æлвæсгæ фæкодта. Лæгъзтæ кæнын байдыдта Батрадзæн, суадз мæ, зæгъгæ. Батрадз ма йæ араууæрд-баууæрд кодта иу чысыл, карчы цъиуы куыд араууæрд-баууæрд кæнай, афтæ, стæй йæ суагъта.
         Алæфы æрдæгмардæй Æфсæрон адагæй галтыл куы сласын кодта, уæд æрфарста йæ фыды, цæмæй афтæ тыхджын у Батрадз, зæгъгæ. Уый йын загъта: Куырдалæгонæн йæхи кæй байсæрын кодта, уый тыххæй. Алæф дæр ссыд уæларв Куырдалæгонмæ йæхи сæрынмæ. “Батрадз æндон уыд, фæлæ ды басудздзынæ æмæ тæригъæд дæ”, - зæгъы йын Куырдалæгон, фæлæ уый нæ сæтты. Куырдалæгон бирæ дзурын нæ уарзта, бавæрдта Алæфы куынцгомы æмæ йæм куынц сарæзта. Куыддæр æм арт бахæццæ, афтæ йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта, басыгъдтæн, зæгъгæ. Куырдалæгон ма йæм æртыскæнæй бæргæ фæлæбурдта, фæлæ дзы сыгъдæтты йеддæмæ ницыуал баззади. Куырдалæгон сыгъдæттæ райста æмæ сæ æнæдзургæйæ бырæттæм акалдта.

         АЛДЗÆН - æвæджиау æрцæугæ æмæ 'нæрцæугæ, фенгæ æмæ нæфенгæ диссаг. Æмбисондæн, тæхудиагæн чи баззад, ахæм диссаг.

         АЛЛОН-БИЛЛОН - афтæ хонынц уæйгуытæ нæртон (хуымæтæг) адæмы таурæгъты æмæ аргъæутты. Æндæр адæмтæ нæ рагфыдæлты хуыдтой алантæ. Ном Аллон-Биллон дæр цæуы уыцы номæй, дзырдтæ зæлланг-мылланг, рæдзæ-мæдзæ, зылын-мылын æмæ иннæты уагыл.

         АЛЫМБЕГ - Нæртон мыггаг Алæгатæй. Алымбегæн уыдис авд фырты æмæ иунæг чызг. Йæ фырттæй иу у Тотрадз. Йæ авд фырты æмæ йæхæдæг дæр Сосланы къухæй мард фесты. Баззадысты ма йæ ус æмæ йæ чызг, мыггаг скъуыд сæ фæкодта. Алымбег хæларæй цард зæдтимæ, Уастырджи æмæ Уацилла та уыдысты йæ лымæнтæ.

         АЛЫТÆ - нæртон фæрсаг мыггæгтæй иу.

         АЛЫТЫ АЛЫМБЕГ - Алыты мыггаджы æппæты зындгонддæр лæг. Нарты Ныхасы хистæр. Уыдис ын авд усы, фæлæ - æвæстаг. Æрмæст ын æвдæм усæй райгуырд иунæг чызг. Авдæны ма уыд, афтæмæй амард Алыты Алымбег.

         АЛЫТЫ АЛЫМБЕДЖЫ ЧЫЗГ - Алымбеджы иунæг хъæбул. Æвдæм ус ын æй ныййардта. Алымбег куы амард, уæд Нарты Ныхасæн хистæр нал уыд, æмæ Нарты адæм æнæфæнд, æнæуынаффæйæ сæфтмæ æрцыдысты. Уынаффæгæнджытæ дзы уыдис, фæлæ ницæмæн бæззыдысты. Æмæ сын уæд Ацæты зæронд Ацæмæз бацамоны: “Хъæуы уынаффæгæнджыты, цы сты, уымæй се 'ппæты дæр аивут, стæй равзарут хицæуттæ ахæм мыггæгтæй, æртæ фæлтæрмæ хуыздæргæнгæ чи рахаста”.
         Нарт æрæмбырд сты, æмæ дзы Алытæй ничи уыд. Алымбеджы авд идæдзы хъынцъым кодтой сæ иунæг цъæх чызджы авдæны уæлхъус. Чызг сæ æрфарста, цæуыл кæут, зæгъгæ, æмæ сæ æрцагуырдта йæ фыды бæх, стæй йæ хæцæнгæрзтæ. Нæлгоймаджы уæлæдарæс скодта æмæ Нарты æмбырдмæ ныффардæг. Нарт базыдтой Алыты Алымбеджы бæх æмæ хæцæнгæрзтæ, фæлæ йын лæппу ис, уый æнхъæл нæ уыдысты. Чызг сын загъта, йæ æвдæм ус æй кæй ныййардта, хъомыл та йæ скодтой Къамбадатæ. Афтæ рауад, æмæ Алымбеджы чызджы лæппу æнхъæл Нарт сæхицæн равзæрстой уынаффæгæнæгæй. Йæ хъуыддаг бæргæ хорз цыд, фæлæ арвы кæлæн Сырдон цæмæйдæр базыдта, сæ уынаффæгæнæг чызг кæй у, уый æмæ йæ ахъæр кодта. Уæд Нарт Алымбеджы чызгæн тыхæй ус курын кæнынц. Чызг усгур æфсон йæ сæр фесæфта Нартæй. Фæлæ йыл фæндагыл фембæлынц йæ фыды хæлæрттæ Уастырджи æмæ Уацилла. Уыдон ын æрхуы мæсыгæй раскъæфынц Адылы саурæсугъд чызджы. Уастырджи Хуыцауæй ракуры, Алымбеджы чызджы лæппу чи фестын кæны, ахæм фæткъуы, æмæ ныр Алыты Алымбеджы фырт æд ус æрфардæг вæййы Нартæм.

         АЛЫПП - таурæгъон диссаджы, алæмæты бæхы мыггаг. Дугъы йæ разæй никæцы бæхы уадзы, йæ фæразондзинадæн та æмбал нæй. Суанг йæ мыр-мыр дæр æндæрхуызон у. В.Миллер Ирыстоны куы уыд, уæд Алыппы тыххæй фехъуыста æмæ ныффыста сæрмагонд таурæгъ. Уым загъд ис, зæгъгæ, иу хъæуæй адавдæуыд лæппу æмæ йæ æлдарæн ауæй кодтой. Иуахæмы лæппу фосы фæстæ цæугæйæ ссардта бæхы сæры кæхц. Биноныг æм фæкæстытæ кодта, стæй ныккуыдта. Фæндагыл цæуæг æй кæугæ федта æмæ йæ куы бафарста, цæуыл кæуыс, зæгъгæ, уæд ын уый дзуапп радта: “Ацы сæры кæхц хуымæтæг бæхы нæу, фæлæ Алыпп бæхы, алæмæты бæхы мыггагæй”. Ныхас бахæццæ æлдармæ, æлхæд фыййау бæхы сæры кæхцыл хи æфсымæрыл кæуæгау куыд куыдта, уый. Æлдар лæппумæ фæдзырдта æмæ йæ бафарста, удыгас Алыппы дæр базондзынæ, зæгъгæ. Уый йын разыйы дзуапп радта. Æлдар æй сæхимæ ныууагъта æмæ йæ хъомыл кодта йæ цотимæ. Иуахæмы æлдар æлхæд лæппуимæ абалц кодтой Алыпп бæхы мыггаг агурæг. Бирæ фæагурыны фæстæ иу бæхрæгъауы лæппу бафиппайдта, иу фæлурс хъуын дæр кæуыл нæ уыд, ахæм сынтау саусауид бæхы æмæ йæ æлдарæн балхæнын кодта цыфæнды аргъæй дæр. Æндæр рæгъауæй та балхæдтой йæ ных æмæ фæстаг къахыл чысыл урс тæппытæ кæмæн уыд, ахæм згъар ефс. Æркодтой сæ хъæмæ, æмæ фæстæдæр æлдары зæрдæ лæппумæ фехсайдта алидзынæй. Ард ын бахæрын кодта, цалынмæ йын йæхæдæг зæгъа, “ацу мæнæй”, зæгъгæ, уæдмæ дзы кæй нæ алидздзæн. Æлдар æрсабыр. Иуахæмы та æлхæд лæппу нæл бæхы, æлдар -ефсы дыууæйæ дугъ рауагътой. Лæппу æлдарæн бауырнын кодта, ефс алцæмæй дæр хуыздæр кæй у. Стæй йæхи бæхы ратæр-батæр кæнын райдыдта, æлдары бæхы-иу куы иуæрдыгæй скъуырдта, куы - иннæрдыгæй. Æлдар дзы куы сфæлмæцыд, уæд ыл фæхъæр кодта: “Ацу мæнæй!”. Лæппуйы ма æндæр цы хъуыд - йæ бæхы фæцагайдта æмæ дæлæ фæтæхы. Æлдар йæ рæдыд бамбæрста, фæсте ма йæ бæргæ расырдта, фæлæ Алыпп бæхы дугъы чи æййæфта. Уайгæ-уайын иу рæстæджы се 'хсæн дæрддзæг нал фылдæр кодта, æмæ лæппу йæхиуыл фæдызæрдыг, кæд, мыййаг, фæрæдыдтæн, Алыппы мыггагæй нæу мæ бæх, зæгъгæ, æмæ йæ уæд дон-дон дурджын фæндагмæ фездæхта. Уым дурджын фæндагыл уайтагъд фæбæрæг згъæр ефсæн йæ фæстаг къæхтæ лæмæгъдæр кæй сты, урс тæппытæ сыл кæй ис, уымæй фæстеау зайын райдыдта. Æлдар фæстæмæ раздæхт. Лæппу та йæ фыды хъæу бацагуырдта. Йæ бæ-хы бæхбæттæныл куы бабаста, уæд бæх ныммыр-мыр кодта, æмæ лæппуйы фыд базыдта, уый Алыпп бæхы мыр-мыр кæй у, æмæ йыл йæ фырт кæй æрыздæхт. Уымæн æмæ Алыпп бæхы мыггаг æндæр бæхты 'хсæн базонын сæ бинонты йеддæмæ никæй бон уыд.

         АМАН - дунæйы фыццаг сылгоймаг (ирон Евæ), (кæс “Ата æмæ Аман”).

         АМИНОН - Мæрдты бæсты хицау Барастыры æххуысгæнæг. Мæрдты къæсæрыл уый æмбæлы, чи амæлы, уыдоныл. Ставдæнгуылдз Амултахъ дæр сын Мæрдты дуар байгом кæны Аминоны барлæвæрдæй. Стæй сæ уый æвзары æмæ æрвиты, уæлæуыл хорз хъуыддæгтæ, хорз фæд чи ныууагъта, уыдоны - Дзæнæтмæ; æвзæрты, тæригъæдджынты та - Зындонмæ. Аминоны тæрхон карз у чырыстон дины, уаз Михаилы тæрхонау. Барастыр ыл æууæнды, æмæ уый дæр у йе 'ууæнчы аккаг. Мæрдты бæсты къæсæрыл мидæмæ чи бахизы, уымæн фæстæмæ рацæуæн нал ис, тынг сæ куы бафæнда, уæддæр. Æрмæст Сосланæн баци йæ бон Мæрдты бæстæй раздæхын (кадæг “Сослан Мæрдты бæсты”). Уый дæр йæ мард ус Бедухайы фæрцы. - Кæд мæрдтæм цæугæ æрбакодтай, уæд уый - дæ хъаруйы фæрцы, - зæгъы йын Бедуха. - Æндæр Хуыцауы æвастæй мæрдтæм фæндаг никæмæн ис, нæдæр фæстæмæ Мæрдты бæстæй уæлæуыл дунемæ ис цæуæн. Ды дæр иугæр мæрдтæм æрбацыдтæ, уæд дын фæстæмæ фæндаг нал ис. Фæлæ æз мæ цæстытæ куы æрныкъулон, уæд дæ бæхы цæфхæдтæ фæстæрдæм сагъд фестдзысты, æмæ-иу уæд цæугæ. Мæрдты адæм дæ фæсте сурдзысты, чидæр фæлидзы, æмæ мах дæр лидзæм, зæгъгæ, фæлæ фæдмæ æркæсдзысты, æмæ мидæмæ разындзæн; мæрдтæ раздæхдзысты фæстæмæ, алчи йæ бынатмæ...
         Бедуха куыд загъта, афтæ бакодта, æмæ Сосланæн йæ бæхы цæфхæдтæ фæстæрдæм сагъд фестадысты... Цас та фæцыдис Сослан, чи зоны, фæлæ иу афоны æрбахæццæ ис мæрдты дуармæ. - Дуар бакæн! - дзуры Сослан Аминонмæ. - Сослан, иугæр Мæрдты бæстæм æрбацыдтæ, уæд ардыгæй фæстæмæ здæхæн нал ис, - дзуапп ын радта Аминон.
         Куы нæ йын кодта Аминон дуар, уæд Сослан (нæрæмон куыд нæ уыд!) æрцæфтæ кодта ехсæй йæ хъандзалсæфтæг бæхы, рарæмыгъта дуар, афтæмæй тыхæй бацыд æмæ тыхæй рацыдис Мæрдты бæстæй. Аминон тынг зæрдæдаргæ хъахъхъæнæг у. Мидæмæ дæр, чи амæлы, уыдоны уадзы æрмæст боны рухсæй. Мæрдты бæсты хур - Дыдзы хур ма куыд кæса, афтæ (кæс кадæг “Уырызмæджы æнæном лæппу”).

         АМРАН - Даредзанты таурæгъты сæйраг архайæг Амран у ирон адæмы уарзондæр таурæгъон хъæбатыртæй иу. Нарты Батрадзимæ сæ æрæвæрæн ис фæрсæй-фæрстæм. Батрадзау Амран дæр у рæстыл тохгæнæг, æгъдауджын, æнæуæлдай ми, йæхи уæлдæр не 'вæры, хистæртæн, сылгоймæгтæн кад кæны. Æгъатыр у знагимæ, æфхæрæгимæ тохы. Йæ хъару æмæ ныфсæн бæрц нæй. Никæмæй, ницæмæй тæрсы. У, ирон адæмон сфæлдыстады мæлæт кæмæн нæй, иунæг ахæм хъæбатыр. Абон дæр ма ис Уæрсæджы хохы лæгæты. У хуымæтæг, зæххон адæмы сæрхъуызой. Уыдоны сæрыл фæбыцæу йæ мад Мариайы мады æфсымæр Хуыцауимæ дæр. Йæ фæлгонц у бердзенты адæмон сфæлдыстадæй Прометейы æнгæс. Амран дæр æмæ Прометей дæр Хуыцауимæ æмæ Зевсимæ фæбыцæу сты зæххон адæмы сæрыл. Уый фыдæй сæ дыууæйы дæр бабастой Кавказы (скифты - афтæ йæ хуыдтой рагон бердзентæ) хæхтыл, æмæ сын сæ игæр хæры цæргæс. Амран у Даредзанты Йамоны æмæ Хуыцауы хæрæфырт Мариайы фырт. Мариайæн йæ сыгъзæрин дзыккутæй уыд йæ мæлæт, æмæ йын сæ фынæйæ Йамоны фырттæ (йæ фыццаг усæй) Бадри æмæ Мысырби болат хæсгардæй куы алыг кодтой, уæд ма йæ мойæн ныффæдзæхста: - Мæ дзыккутæй ма иу æрду фæхæцыди æмæ ма мын цæрæнбон ис стъалы скæсынмæ. Мæнæн дæуæй мæ хуылфы равзæрди лæппу. Уый мæ дзидзийы хъæстæ куы фæцадаид, уæд ын тыхгæнæг тых не ссардтаид. Ныр стъалы куы скæса, уæд амæлдзынæн, æмæ мын мæ рахиз тæн бакъæртт кæн, райс мæ хуылфæй судзгæ-уыраугæ лæппу æфсæн æртысгæнæй æмæ-иу æй Сау денджызмæ фехс. Уый кæд уым схъомыл уа, уый йедтæмæ йын схъомылгæнæн нæй. Хуыцауы зондæй фæстаджы бонмæ куы бафта дæ къухы, уæд-иу ыл сæвæр ном Даредзанты Амран.
         Йамон усы фæнд сæххæст кодта æмæ, лæппуйы Сау денджызмæ куы фехста, уæд фурд ныххуыскъ кодта йæ тæвдæй.
         Амран Сау денджызы бахъомыл. Иу бон Бадри æмæ Мысырби фурды былты фæцæуынц. Кæсынц æмæ денджызы улæнты æхсæн иу лæппу хъазы: фурдаг галтæ, бæхтæ, къамбецтæ рахиз къухæй хæрдмæ калы æмæ сæ галиуæй ахсы. Хабар сæ фыдæн куы радзырдтой, уæд Йамон скъæтæй нывондагæн урс гал сдавта æмæ Хуыцаумæ скуывта:
         - Хуыцау, нывонд дын фæуæд ацы гал. Уый у дæ хæрæфырт Амран æмæ мæ къухы куыд бафта!
         Стæй Бадри æмæ Мысырбийæн загъта, се 'фсымæр кæй у, æмæ сын бацамыдта, фурдæй йæ куыд расайæн ис, уый. Райсомæй айдæн æмæ сæрдасæн семæ денджызы былмæ ахастой. Уым лæппутæ кæрæдзи адастой. Амран сæм бахæлæг кодта æмæ уый дæр йæхи адасын кодта. Изæрæй куы фæхицæн сты, уæд Амран денджызы йæхи баппары æмæ та йæ денджыз фæстæмæ раппары, стæй йын афтæ: “Мæнмæ дын фæндаг нал ис, фæлæ кæм цæрдзынæ, уырдæм фæцу!” Амран лæппутæм радзуры: “Фæлæуут мæм, иумæ цом! Фыдæбон уын фæуæд, æз уын мæхи уымæн нæ хъæр кодтон, мæ дæлæрмттæ ма гом сты, æмæ ма мæ рæстæгмæ куы ныууагътаиккат, æндæр æз дæн уе 'фсымæр Амран, Хуыцауы хæрæфырт æмæ иумæ цæуæм”. Амран Даредзантимæ цæрын куы райдыдта, уæд бирæ лæгдзинæдтæ æмæ хъæбатырдзинæдтæ равдыста. Йæ фыды хойы мойы марæг фарастсæрон Æхсон уæйыгæй йæ туг райста. Йæ фыды хо йæ бæргæ фæдзæхста, мыййаг ыл куы фæтых уай, уæд æй дзурын ма суадз. Амран æм нæ байхъуыста, æмæ йын уæйыг йæ æлгъыстæй йæ тыхæй йæ бынаты æппындæр ницыуал ныууагъта, цалынмæ Андет-Тундеты чызг буц Тамары усæн йæ къухы бафтыд, уæдмæ. Уый тыххæй бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, бахаудта тæссаг уавæрты: Бахъ-Бахъ гуымирыйы ус æй арцыл кондæй тыгъд быдыры сауыгъта, сау уæйыджы авдæны сывæллон æй авдæны хъæдыл фæхоста. Залиаг калм æй аныхъуырдта, мидæгæй йæ ныррæхуыстытæ кодта, амардта йæ, фæлæ рæстæгмæ бынтон ныллæгуын калмы маргæй. Суанг ма йын фынæйæ йæхи (сауджын ыл хинæй рацыд) æмæ йæ дыууæ æфсымæры Мысырби æмæ Бадрийы дæр амарынц. Фæлæ сæ Тамар райгас кæны æгасгæнæн суадоны донæй. Стæй йын йæ фыды хо Тамаримæ диссаджы чындзæхсæв скодта: арвыста алы калакмæ, иу мин хъом фæцагъта, æртæ мины - лыстæг фос. Адæмы чындзæхсæвæй æртæ мæйы нæ ауагъта.
         Амран йæ тых кæимæ нæ бавзæрста, ахæм нал уыд зæххыл. Ничи йыл тых кодта. Æмæ уæд йæ ныфс бахаста Хуыцаумæ дæр. Иу ахæмы йæ бæхыл бадгæйæ Хуыцау сæмбæлд Амраныл æмæ йын загъта: “Амран, мемæ хæцынæй ницы скæндзынæ ды”. Хуыцау æм ехс раппæрста æмæ йæм дзуры: “Уæдæ ма мæм гъе уый сдæтт”. Амран æрæвнæлдта ехсмæ æмæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Уæд æм Хуыцау фæмæсты æмæ йæ зæдтæн Уæрсæджы хохыл лæгæты бабæттын кодта. Афæдзæй-афæдзмæ йæ дуар иу хатт гом кæны. Иуахæм таурæгъон цуанон Дзудты Кудзи бафтыд лæгæты цурмæ, æмæ йæ дуар Хуыцауы зондæй фегом. Бакаст Кудзи мидæмæ, æмæ Даредзанты Амран æфсæн рæхыстæй баст, йæ бынаты цъæх арт, цъæх фæздæг уадзы. Йæ цæстытæ сты галы къæлæтыйæстæ, йæ цæнгтæ - хъæды стæвдæнтæ. Цуанон дзы фæтарст. “Тæрсгæ æппындæр ма фæкæн, æз Даредзанты Амран дæн, æмæ мæм рацу æввахсдæр, - дзуры йæм Амран. - Уæртæ къулыл мæ кард ис, æмæ мæм æй æрбахæстæг кæн”. Кард змæлын дæр нæ фæкодта Дзудты Кудзи. Уæд ын Амран афтæ: “Дæ иу къухæй карды босыл хæц, иннæ къух æри ардæм”. Цуанон афтæ бакодта, æмæ йын Амран йæ цæнгтæ фæцæйскъуыдта. Кудзи ныхъхъæр кодта. Амран æй феуæгъд кодта æмæ йæм дзуры: “Цæугæ кæн тагъд. Уæларвæй рауадзгæ рæхыс кæд искуы зоныс, уæд мæм æй схæццæ кæн ардæм, усы хъæлæба дыл куыд нæ сæмбæла, афтæмæй. Æз уын кæд аирвæзон, зæххон адæм, уæд уæ амонд æрцæудзæн”.
         Кудзийæн йæхимæ уыд уæларвæй рауадзгæ рæхыс æмæ атагъд кодта, цалынмæ лæгæты дуар гом у, уæдмæ йæ куыд схæццæ кодтаид, афтæ. Æрхæццæ сæ хæдзармæ, раппæрста сæ рæхыс æмæ йæ фæхæссы. Йæ ус æй куы федта, уæд æм фæсте ныхъхъæр кодта: “Кæдæм мын фæхæссыс мæ рæхыс?!”
         Афтæмæй Амраныл лæгæты дуар сæхгæдта æмæ, зæгъынц, Арвыкомы фæндагыл Ганисы сæрмæ абон дæр ис бæрзонд къæдзæх хохы лæгæты бастæй фæллойгæнæг адæмы æнхъæлцау. Куы суæгъд уа, уæд зæххон адæмыл скæндзæн уæлион дзæнæты дуг. Зæххыл æфхæрæг тых фесæфдзæн. Йæ фервæзын кæнын та у адæмы хæс. Ома, адæмæн сæ амонд аразгæ у сæхицæй. Уыцы бæллиццаг хъуыдытæ базыртæ сагътой ирон драматургийы æмæ театры бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойыл, сæвзæрд æм трагеди “Амран” ныффыссыны фæнд æмæ йæ къухы æнтыстджынæй бафтыд - ирон адæмæн балæвар кодта, рагон бердзейнаг трагедиты фарсмæ чи лæууы, ахæм драмон уацмыс. Йæ ныффыссынæй фæстæмæ йæ сценæйы стыр æхсызгонæй æвæрынц Цæгаты æмæ Хуссары дæр. Йæ фæлгонц саразын цы артистмæ æрхауы, уый та йæхи фæхоны амондджын. Ирон адæмы Даредзанты хъæбатыр æмæ зондджын Амраны, зæххон фæллойгæнæг, рæстзæрдæ адæм сæ бæллицтæ кæуыл бастой, уый фæлгонц æнæфæцагайгæ нæ ныууагъта Ирыстоны иннæ стыр курдиатджын хъæбул, нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы зæрдæ æмæ уды фарн дæр. Нывкæнынады аивады йын равдыста йæ зын, йæ хъару æмæ æнæбасæттондзинад. Йæ фæлгонц ын скодта цалдæр хуызы.

         АМУЛТАХЪ - мæрдты бæстæйы дуаргæс, ставд æнгуылдз æмæ мызыхъарæзт лæг. Мæрдты дуар бакæнын æрмæст уый хъару уыд, æцæг Аминоны барлæвæрдæй.

         АНГУСАГ САРГЪ - кадджыты æмæ таурæгъты сæйраг хъайтартæн сæ бæхтыл ис ангусаг саргъ. Цыдæр диссаджы фæлмæн рæсугъд, нывæфтыд саргъ, барæг æмæ бæхимæ аив чи фидыдта, ахæм. Ангус цы бæстæ амоны, уый бæрæг нæу.

         АНДИАГ НЫМÆТ - таурæгъты, кадджыты Ангусаг саргъ кæмæ ис, уымæн фылдæр хатт йæ уæлæ вæййы Андиаг нымæт. Аив, рог æмæ хъарм уæйлаг нымæт, диссагæн дзуринаг нымæт. Цы бæстаг æмæ кæй æууæрст у, уый сбæлвырд кæныны фæлтæрæнтæ акодтой ахуыргæндтæ, фæлæ сæ хатдзæгтæ уырнинаг не сты. Андиаг нымæт таурæгъон у, æмæ йæ равзæрд афтæ æнцон равзарæн нæу! Кадæг “Сæууай” нын зæгъы: “... йе 'фтаугæ йæ быны бакодта (Сæууай), саргъ - йæ нывæрзæн, йæ Андиаг нымæт йæ уæлæ æркодта, афтæмæй æрхуыссыди æмæ бафынæй ис”.

         АНИГОЛ - мыдыбындзыты бардуаг. Ирон адæмы фыдæлтæ мыды куыст рагæй кæй кодтой, уый бæрæг у Нарты кадджытæй. Нартæ йæ кæнынц ронгыл, æмæ афтæмæй у æнцондæр нуазæн, хæрзаддæр. Кадджыты арæх æмбæлæм æртæ мыдамæстыл (“Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта”, “Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта” æмæ æндæрты). Уырызмæджы Борæтæ марынвæнд куы скодтой, уæд Сатана тагъд-тагъд æртæ мыдамæсты ракодта. Кувæн къуыпмæ ауади, æртæ мыдамæсты æмæ ронджы дурынимæ æмæ скуывта: “Хуыцæутты Хуыцау, мæхи Хуыцау! Кæд мæ истæмæн скодтай, уæд ме 'нæныййаргæ фырт Батрадз Донбеттыртæм ис æмæ ам куыд феста, уый ды радт!” Кæнæ йын йæхи зындоны цады æппарынвæнд куы скæнынц, уæд дæр та “Æртæ мыдамæсты ракодта, доны былмæ ныццыди æмæ, Сослан цы дурæй райгуырди, уыцы дурыл сбадти, æртæ мыдамæстæй та скуывта. Сосланы æрцагуырдта, æмæ та йæ куывд æрцыд”.
         Нарты кадджыты ис сæрмагонд кадæг “Нартæм мыдыбындзытæ куыд фæзынд”. Уым ныхас цæуы, зæгъгæ, иуахæмы та Нартæн сæ лæгтæ стæры куы ацыдысты, уæд сæ устытæ сфæнд кодтой: “... се 'рцыдмæ сын мах та суджы цæгъдтæ æрласæм, сæ къух сын уымæй фенцондæр кæнæм”. Араст сты фæсхох иу тар хъæдмæ, æмæ сыл дымгæ сыстад. Дымгæ бæлæсты бынты бынæй фæлдæхта, ахæм тыхджынæй дымдта. Нарты сылыстæг адæм æрæмбырд сты иу рæттæм. Бæлæстæй сæхи хъахъхъæдтой. Кæсынц æмæ бæлæсты бынтæй бындзытæ тæхы, сæ гуыв-гуыв цæуы. Бындзытæ кæцæй тахтысты, уырдæм фæкомкоммæ ис Сатана æмæ мыдадзы кæрдихтæ ауыдта. Бацыд сæм æввахс, систа дзы йæ къухмæ, адардта йæ йе 'взагыл, æмæ йæм хорз фæкасти. Иннæ устытæн дæр дзы авæрдта, æмæ адджын мыд сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Сатана загъта: “Сугты бæсты адон куы фæхæсиккам, уæд æвзæрдæр нæ уаид”.
         Нарты сылыстæг Сатанайы фæндæй изæрмæ хъæды баззадысты. Изæры бæрзбæласы цъæрттæ хæтæлыстыгъд фæкодтой, кæрæдзимæ сæ фæбастой æмæ сæ чыргъæдтæ фæцарæзтой. Куы æрталынг, уæд чыргъæдты мыдадзы кæрдихтæ æд мыдыбындзытæ бавгæдтой, сæ сæртæ сын бамбæрзтой æмæ сæ сæ хæдзæрттæм æрхастой. Мыдыбындзытæ сбирæ сты æмæ фæзгъæр мыдæй дзаг кодтой чыргъæдтæ. “Нарты сылыстæг мыд лæдæрстой æмæ йæ нуæзтыл кодтой, мыдамæстытæ фыхтой, афтæмæй Нарты зæрæдтæм зылдысты, - загъд ис кадæджы.
         Мыдыбындзыты æмæ сæ бардуаг Аниголы тыххæй та дзуры таурæгъ “Биндзитæ куд рантæстæнцæ Дигори”. Уым Ахмæтхохы цард Хуыцауы уарзон пахуымпар. Иуахæмы йыл Хуыцауы зæрдæ фæхудт æмæ йæ бафæлварыны тыххæй йæ буары урс зулчъытæн хæрын кодта. Кæд тынг хъизæмары бахаудта, уæддæр Хуыцауыл йæ зæрдæ нæ сивта. Уый Хуыцау куы базыдта, уæд зулчъыты базырджынтæ фестын кодта æмæ сын загъта, хъизæмар нæ, фæлæ йын ахъаз куыд кæнат, зæгъгæ. Кæлмытыл базыртæ куы разад, уæд Ахмæтхохмæ атахтысты. Уым сæ иу цуанон ссардта, сæ мыдæй фæхъæстæ æмæ сæм уалдзæджы йе 'мбалимæ ссыд хæссынмæ. Раздæр уал балы цъæрттæй сæмбу скодтой, уый фæстæ сæ сæртæ басылыхъытæй стыхтой æмæ афтæмæй бындзыты сæ мадимæ сæмбуйы сæвæрдтой æмæ сæ хъæумæ æрхастой. Уым сæ бæтманмæ ныттардтой. Уыцы бæтман мыддартæ абон дæр ма хонынц фыццаг мыды чыргъæд. Уæдæй нырмæ, дам, Дыгургомы цæрджытæ кæнынц мыдыкуыст æмæ кувынц мыдыбындзыты бардуаг Аниголмæ. Анигол та, дам, уыд, Хуыцауы фæндæй урс зулчъытæ кæй фæсонтæ хордтой, уыцы пахуымпар - Хуыцауы уарзон адæймаг. Мыддартæ тынг аргъуц кæнынц Аниголæн, алы аз дæр уалдзæджы, сæ бындзыты чыргъæдтæй куы рауадзынц, уæд ын скæнынц куывд, иумæ йын аргæвдынц нывондаг тохъыл æмæ йæм скувынц, цæмæй сæ чыргъæдтæй æрæвзæра бирæ мыд.

         АРВ - ирон адæм кæд зæххон сты, уæддæр цины æмæ зыны дæр се скаст арвмæ уыд æмæ у. Раст сæм цыма арвæй чидæр кæсы, чидæр хъусы, уыйау хъавгæ у сæ архайд, хъуыдыгонд - се сныхас. Суанг сæ цины фынгыл æртæ чъирийы куы æрæвæрынц, уæддæр сæ раст цыма уæларвыл бадæг Хуыцауæн, зæдтæн æвдисынц, мæнæ æркæсут æртæ сты, зæгъгæ, уыйау сæ скувыны размæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнынц, куыд разыной, афтæ. Ирон адæм сæ таурæгъон фыдæлтæй афтæ зæгъынц: “Нартæ зæдтæ æмæ дауджытимæ æмвынг уыдысты”. Афтæ сæм каст, цыма зæххыл цыдæриддæр кусынц, уымæ уæларвæй цæстдарæг сты, сæ фарсмæ кæд æрбаддзысты, уый зын зæгъæн у, æмæ сæ митæ арвы бын, Хуыцауы раз кодтой æргом, æдзæстхизæй. Суанг фынджы бадт дæр. Арв авд дихы кæны. Уæларвы цæры Стыр Хуыцау. Дæларв æмæ Зæххыл - дауджытæ, Уæларв æмæ Дæларвы æхсæн та - зæдтæ. Нарты гуыппырсартæй зæдтæй хæлар кæмæн нæй, ахæм зын ссарæн у. Кæрæдзимæ цæуынц уазæгу-аты. Нæртон гуырдтæ хъаны цардæй цæрынц арвыл зæдтæм. Даредзанты Амран та у Хуыцауы хæрæфырты фырт. Сосланы йæ мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæх арвæй зæххы астæуты скъæфы. Йæ усаг Косер-рæсугъдæн та ис тæхгæ мæсыг. Арвмæ йæ суадзы æмæ æруадзы. Сатанайæн арвимæ бастдзинæдтæ кæй ис, уый бæлвырд у, Уастырджийы чызг кæй у, уымæй. Кадæг “Сæууай”-йы та кæсæм: “Уыцы афон та-иу (ома, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ хицæн куы фæкæнынц, уæд) Сатана цыдис авд æддæгуæлæйы сæрмæ куывды, уырдыгæй-иу касти, зæххыл æмæ уæларв амондæй æмæ æнамондæй цы ис, уыдон базоныны тыххæй”. Арвмæ ахаста Пакъуындзæ Бадри æмæ Мысырбийы. Сæ фервæзын кæнынмæ сæм фæзынд Амран. Ирон мифологийы арвæн ис сæр дæр æмæ бын дæр, цæст æмæ сæмæн дæр, рон æмæ æрдын дæр, чызг æмæ куыдз дæр. Арвæй аразгæ у адæймаджы цард æмæ Зæххы хъысмæт дæр.
        Хъаймæт æмæ Ахæррæтт дæр цæуынц арвæй. Уымæн æмæ Уæларвы цæры æмæ бады Дуне скæнæг иунæг Хуыцау. Ирон адæймагыл стыр цины хабар куы æрцæуы, уæд фæзæгъы: “Мæ зæрдæ Хуыцауы фарсмæ уæларв абадт”. Сырдон ын у зæххы хин æмæ арвы кæлæн.

         АРВАЙДÆН - кадджыты, таурæгъты æмæ аргъæутты æвæджиауы айдæн (кæсæн), куы дзы кæсай, уæд, дæм, Дун-дунейы, ома, зæххы уæлцъарыл, арвы тыгъдады æмæ дæлзæххы фарастгай фæлтæры цыдæриддæр ис æмæ архайд цæуы, уый чи равдиса, ахæм Арвайдæн ис Нарты Сатанамæ, æмæ дзы бахъуыды сахат нартæ курынц, акæс-ма дзы, зæгъгæ. Ис сæрмагондæй “Арвайдæны аргъау”. Уым лæг æмæ усæн æрæджиау райгуыры иунæг лæппу. Куы бадынджыр, уæд, кæдмæ фæраздзыстæм ацы мæгуырæй, зæгъгæ, йæ хъысмæт бавзарыны охыл араст йæ амонд агурæг. Йемæ айста, хæрынæн адджын, хæссынæн рог чи уыд, ахæм хæринæгтæ. Йæ даргъ фæндагыл фембæлы бирæгъыл, цæргæсыл, рувасыл æмæ кæфыл.
        Алкæйдæр дзы хæрынвæнд скæны, фæлæ йæм уыдон куы бахатынц, ма мæ бахæр, искуы дæ æз дæр истæмæн бахъæудзынæн, зæгъгæ, уæд та сын фæтæригъæд кæны. Уый нæ, фæлæ ма сын се 'хсызгон хъуыддаг дæр сæххæст кæны: бирæгъæн йæ гуыбын ахафы, рувасæн йæ ком ахуылыдз кæны, цæргæсæн арвмæ стæхынæн баххуыс кæны, кæфы та (денджызы былмæ хусмæ рахауд) мæлæтæй фервæзын кодта.
         Æппынфæстаг лæппу бафты æлдары хъæумæ. Уым Къулбадæг усмæ æрфысым кæны. Уый йын радзуры: - Не 'лдары чызгмæ ис арвайдæн. Уый баздæхы æмæ фæзæгъы йæ курæгæн: “Æртæ хатты бамбæхс, кæм дæ фæнды, уым. Æз райсдзынæн мæ армы айдæн æмæ дæ агурын райдайдзынæн. Кæд æмæ дæ не ссарон, уæд мæ Хуыцау радта дæуæн. Намæ дæ куы ссарон, уæд дын ракæндзынæн дæ сæр æмæ дын æй мæ кауы михтæй иуыл æркæндзынæн”.
         Фæцыдысты йæм курæг алы хæрзæджытæ алы бæстæтæй, фæлæ... Курджытæн-иу чызг ралыг кæнын кодта сæ сæртæ æмæ сæ-иу кауы михтыл æрсадзын кодта. Иу сæр хъуаг ма уыд кау. “Мæ амонд мын æнæ бавзаргæ нæй”, - загъта лæппу æмæ дыккаг бон минæвар барвыста чызгмæ. Чызг сразы, æмæ лæппу араст денджызы былмæ кæфмæ æххуысагурæг æмæ йын зæгъы: “Арвайдæнæй кæсдзæн æлдары чызг, куыддæр мæ ссара, афтæ сæфын. Кæф фæхæлиу кодта йæ дзых, лæппуйы аныхъуырдта æмæ денджызы бынмæ афардæг.
         Афтæ арф æй бамбæхсынц цæргæс æмæ бирæгъ дæр. Цæргæс æй ахаста авд хохы сæрты æмæ йæ иуран айнæджы бын бамбæхста, бирæгъ та йæ бамбæхсы дард сау хъæды къодæхты бын, фæлæ йæ уæддæр æхсинчызг Арвайдæны фæрцы ссары æмæ йын алы рæтты уый бæрц хорз хæлæрттæ кæй ис, уый тыххæй бар радты цыппæрæм хатт бамбæхсынæн дæр. “Цом мæсыджы бынмæ, - дзуры йæм рувас. Уыцы ран уæрм ракъахæм, уæрмы дæ бамбæхсдзынæн, æз дыл сыджыт æмæ дуртæ ныккалдзынæн, мæхæдæг ус фестдзынæн, слæудзынæн уæрмы сæр æмæ байдайдзынæн æлвисын”. Бакодтой, рувас куыд загъта, афтæ, фæлæ та йæ чызг ссардта.
         Ахæм æвæджиау у Арвайдæн, никуы дзы ницы бамбæхсæн ис Дун-дунейы дзы алцыдæр фенæн ис.
         Æрмæст Къулбадæг усы зондæй-сайдæй фæуæлахиз лæппу æлдары чызгыл. Къулбадæг ус æй йæ нымæтын ехсæй æркъуырдта, æмæ лæппу егар фестадис. Бахуыдта йæ чызджы мæсыгмæ. Уым куыдз чызджы фæстæ слæууыд. Æлдары чызг райста Арвайдæн, байдыдта кæсынтæ. Алырдæм куыд зилы, афтæ егар дæр зилы йæ хæдфæстæ, цæмæй йæ чызджы аууонæй Арвайдæн ма æрцахса. Афтæ йын бацамыдта Къулбадæг ус. - Нал дæ ссардтон. Рацу, мæ ныв ды дæ, æвæццæгæн.
         Къулбадæг ус егары нымæтын ехсæй ракъуырдта, æмæ цы уыд, уый фестадис.

         АРАХЪАН БÆХ - Бызгъуан уæйыджы бæх. Баст у ныккæнды. Уæйыджы цагъайраг - искæйон Сосланæн зæгъы: “ Кæд дæ йæхиуыл бадын бауадза, уæд хорз, кæд дæ нæ уадза, уæд æй йæ фæстаг къæхтæй ныззил: уый дæ йæ барæг фенхъæлдзæн, æмæ йыл сбад. Уæларвмæ дæ аскъæфдзæн...” Сослан афтæ бакодта. Бæх æй аскъæфта уæларвмæ, стæй та - зæхмæ. АРÆХДЗАУ - Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау. Йæ фыд уыд Дæллаг Нартæй - Алæгатæй, йæ мад та Уæллаг Нартæй - Борæтæй. Кадæг “Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау”-ы кæсæм: “Дæллаг Нартæн лæппу райгуырди. Уæллаг Нартæн та - чызг. Дыууæ дæр иу æхсæв. Лæппу-иу авдæнæй сбырыди æмæ-иу ноггуырд чызгмæ бахъуызыд æмæ-иу æхсæв-бонмæ йемæ фæци. Уый адыл гыццыл чызгыл йæ авдæнбæттæнтæ нал æххæссыдысты. Дис кодтой, уæдæ нæ чызг цæмæй дæнгæл кæны, зæгъгæ. Уалынмæ чызгæн лæппу райгуырди - йæ коцора сыгъзæрин, ахæм. Сатанамæ фæуадысты: “Нæ чысыл чызг лæппу куы ныййардта”. “Быны хъæр уæ рацæуæд! Уый уæ Дæллаг Нартæ куы фехъусой, уæд уæ фæндырты фæцæгъддзысты, - загъта Сатана æмæ сын бацамыдта, сывæллонæй куыд фервæзой, уый. Борæты аххæрæджы кæрон ныллыг кодтой, уымæй лагъз сарæзтой æмæ сывæллоны уым нывæрдтой, тæлытæ йыл бакодтой, стæй йæ фурды баппæрстой.
         Быдыры кæмдæр царди Бедзенæг - æлдар: уыди æнæзæнæг лæг. Фос æм бирæ уыди, уыдис æм ноджы кæфахсджытæ. Иубон куы уыди, уæд кæфахсджытæ сæмбæлдысты лагъзыл æмæ йæ доны былмæ раппæрстой. Схастой йæ Бедзенæг-æлдармæ. Сæфтыдтой лагъзы сæр æмæ дзы лæппу систой. Æмæ йæ æлдар йæхицæн бахъомыл кодта.
         Арæхдзауæй ахæм гуырд рауад, æмæ Нарты хуыздæртыл дæр, Батрадзæй фæстæмæ (кадæг “Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы (Бедзенæджы) фырт Арæхдзау”), уæлахиз кодта. Фæхæрам сæм уа, уый сæ нæ фæндыд, æмæ йæм дзы уæлдай ныхас ничи кодта. Сослан та у йæ номæвæрæг - афтæ бафæндыд Бедзенæджы. Йæ бæх Уырызмæджы Хъулонæй у тыхджындæр, йæ хæцæнгæрзтæ йын Нарты рагъæнтæй иу дæр нæ уромы, æртонынц сæ. Балæвар ын сæ кодта йе схæссæг фыд Бедзенæг. Бæх у асткъахыг æмæ цыппæрхъусыг. Æмбисонд йæ кард, йæ хъæргæнæг хæстмондагæй цъæх арт уадзы.

         АРВ-УАЦИЛЛА - Тыллæджы бардуаг Уацилла. Уæлæрвты кæй хæты, уый тыххæй ма йæ хонынц Арв-Уацилла дæр. Хæрзæгъдау, аив, рæсугъд ас нæлгоймагæй хуыздæрæн фæзæгъынц, Арв-Уациллайау йæ бакаст, зæгъгæ.

         АРВЫ АСИНТÆ - Арвы дуар куы фегом вæййы, уæд дзы разынынц Арвы асинтæ дæр. Уыдоныл уæларвмæ цъиуау стæхæн ис. Борæйы минæвæрттæн Хуыцауы фæндæй Арвы дуар куы байгом, уæд та асинтæ раргом сты, се схизæны уыд фондз (минæвæрттæ цал уыдысты, уал) фæлыст зæрин цырыхъы. Зæронд урсзачъе минæвæрттæ сæ скодтой æмæ асинтыл цъиутау тахтысты Хуыцауы кæртмæ.

         АРВЫ ДУАР - ирон адæммæ амондджын адæймаджы тыххæй æмбисондау баззад ахæм дзырдбаст: “Уый арвы дуар гомæй федта”. Нæ фыдæлтæн се скаст æдзухдæр уыд арвы тыгъдадмæ. Зыны сахат æмæ цины рæстæг дæр сæхи фæдзæхстой уæларвон тыхыл: Стыр Хуыцауыл, Уастырджи æмæ иннæ зæдтыл. Уыдонæй æххуыс агуырдтой сæ хъарджыты æмæ зарджыты дæр. Сæ аудындзинады æрцыдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, æнхъæлцауæй сæ цæст биноныг хастой арвы къуырфыл, æмæ сын йæ райдзаст уынд дæр æхцондзинад хаста. Арвæн сын уыд сæмæн - стъалы Полярная звезда - æмæ цæст дæр - Сириус. Арвы цæсты фæрцы, дам, Хуыцау уыны, Зæххыл цыдæриддæр цæуы, уыдон, зоны сæ Уастырджи æмæ иннæ уæларвон зæдты фæрцы. О, фæлæ Арвæн ис дуар дæр. Уый, дам, афæдз иу хатт иу уысм фæгом вæййы, æмæ йæ гомæй чи фена, уый ауындзæн уæларвон уаз диссæгтæ æмæ сусæгдзинæдтæ. Уыцы сахат, цалынмæ дуар нæ ахгæдта, уæдмæ дæ зонд æмæ дæхæдæг: Стыр Хуыцауæй цы ракурай, уый дам дын ратдзæн. Зæгъынц, ссæдзæм æнусы райдайæны дам, æй Абайты мыггагæй иу лæг федта æмæ сфæрæзта ахæм куывд: “О, Стыр Хуыцау, мæ байзæддагæй мын удхъуаг макæй скæн, фæлтау уонгхъау уæд!” Йæ куывд, дам, цæуы - абон дæр йæ байзæддагæй удхъуаг ничи у, фæлæ сæм ис уонгхъуæгтæ.

         АРВЫ КУЫДЗ - ацы дзырдбаст баззад ирон æвзаджы.
         Зæгъæм, фæзæгъынц: немыц партизантæй Арвы куыдзы тарст кодтой. Ирон адæмон сфæлдыстады йыл нырма никуы фембæлдтæн, æрмæст таурæгъ “Мæйхорты” загъд ис: “Самелийæн баззад фырттæ æмæ уыдон къæбылаты хуызы ратæхбатæх кæнынц Арвæй Зæххы астæу”.

         АРВЫ МИНÆВАР - кадджыты афтæ хонынц зæрватыччы. Уымæн Арвы дуар кæдфæнды дæр гом у.

         АРВЫ РОН - Нарты Сосланы æрдын, Батрадзы рон, Арвæрдын - фæсуарын уæлдæфы зæххæй арвмæ егъау къæлæты хуызæн кæркæ-мæркæ авдхуызон тынты быд. Йæ сæрты, дам, чызг куы агæпп кæна, уæд лæппу фестдзæн, лæппу та - чызг.

         АРВЫЧЫЗГ - Хуыцауы чызг, Арвычызг æй уымæн хонынц, æмæ Хуыцау ис уæларвы. Цард Бæртæлæджы хæдзары. Уым ын Хуыцауы зондæй Нартæй райгуырдис дыууæ фаззоны - Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг.
         Уæрхæг ын райгуырд фыццаг, æмæ Бæртæлæг зæрватыккæн зæгъы: “Табу Хуыцауæн, Нартæ мыггагдзагъд нæ фесты. Фæтæх Хуыцаумæ æмæ йын зæгъ: хæрæфырт ын райгуырд”. Дыккаг, Уæрхтæнæджы, тыххæй дæр - афтæ. Æмæ сыл сæ конд æмæ уындмæ гæсгæ нæмттæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дæр сæвæрдта, сырды æхсыры сæ ныннайын кодта Хуыцау йæхæдæг.

         АРД - ирон мифологийы хъайтартæ ард хæрынц Хуыцауæй, зæххæй, Нарты гуыппырсартæ - сæ Уацамонгæйæ дæр ма. Ард хæрынц, дыууæ нæлгоймаджы кæрæдзийæ æфсымæртæ куы фæзæгъынц, уæд дæр. Ардхæрыны æгъдау нæм скифты дугæй æрхаста, дыууæйæ иу къусæй кæм ныуазынц, уыцы згъæрыл конд ныв. Уымæн æвдисæн у рагон бердзейнаг фыссæг Лукианы (цард 120-180 азты) уацмыс “Токсарид кæнæ æрдхорддзинад”. Уым скиф Токсарид бердзейнаг ахуыргонд лæг Минесиппимæ быцæуы скифты тыххæй дзургæйæ цы уарзондзинады æнкъарæнтæ æвдисы, сæ цардæй æрдхорддзинады фæдыл цы цаутæ дзуры, уыдон сæ бердзентæй сисынц уæлдæр. Ууыл басæтты Минесипп йæхæдæг дæр.
         - Фыццаджыдæр дын радзурдзынæн, - зæгъы Токсарид Минесиппæн, - мах, ома, скифтæ, æрдхæрдтæ, кæнгæ æфсымæртæ куыд кæнæм, уый. Сымахау дзаг фынджы уæлхъус нæ, стæй иумæ кæй байрæзтысты кæнæ сыхæгтæ кæй сты, уый тыххæй дæр нæ. Адæймаджы, дам, хорзæй, хъæбатырæй, лæгдзинæдтæ равдисынхъомæй куы базонæм, уæд иууылдæр фæтырнæм æрдхорд, æфсымæр дзы скæнынмæ. Уый тыххæй алчидæр архайы æрдхорддзинады аккаг хъуыддæгтæ кæныныл. Æмæ сæ искæй куы равзары, уæд бацæдис вæййынц, стæй стыр ард бахæрынц: иумæ хæларæй кæй цæрдзысты, куы бахъæуа, уæд та кæрæдзийы сæраппонд сæ цард дæр кæй ратдзысты. Æмæ сæ ардбахæрд мæлæты бонмæ кадимæ æххæст кæнынц. Ард чи фæхæры, уыдон сæ æнгуылдзтæй туг рауадзынц иу нуазæн къусмæ, сæнимæ йæ схæццæ кæнынц. Уый фæстæ сæ цирхътæ кæрддзæмтæй сласынц, дыууæ дæр кæрæдзиуыл фидар æрхæцынц æмæ афтæмæй сæны къус иумæ бануазынц. Ахæм ардбахæрды фæстæ царды ахæм тых нæй, уыдон чи фæхицæн кæна. Æрдхорд скæнæн та ис æрмæстдæр æртæ адæймагимæ. Бирæ æрдхæрдтæ кæмæн, ис, уый сæм уæгъд сылгоймагæй кадджындæр нæ уыд. “Мах афтæ хъуыды кæнæм, æмæ дæ ардбахæрд бирæтыл куы уарай, уæд дзы тых нал вæййы”, - зæгъы Токсарид. Ардбахæрды фидардзинадæн æвдисæнæн æрхæссы Дандамид æмæ Амизокы, Беллит æмæ Басты æрдхорддзинад. Уыдонæй иу иннæйы сæрвæлтау радты йе ‘нæниздзинад æмæ цард дæр.
         Ард хæрынц абоны ирæттæ дæр. Ардбахæрд сæм у табуйаг, æгъдау. Сомы кæнынц Хуыцауы, зæххы ардæй, нымд кæнынц адæмы ардæй; фæдзæхсынц кæрæдзи: “Дæ ардхæрдыл комдзог ма рацу!”. “Мæ ард мын ма фæсайын кæн!” Фау хæссынц, æнæард дæ, зæгъгæ.
         Æлгъитынц: “Ард дæ хæдзары!”, “Дæ ард дæ фæдыл æфтыд фæуæд!”, “Ард дæ баййафæд!” æмæ афтæ дарддæр.
         Ард хордтой, дыууæ лæппуйы-иу кæрæдзийæ æфсымæртæ куы загътой, уæд. Ард хордта, къухылхæцæг кæй къухыл рахæцыд йæ амонды фæндагыл, уыцы чындзимæ; лæппу хæларæй цы чызгимæ цард, уыимæ. Афтæ фæзындысты ирон æвзаджы дзырдтæ æфсымæргонд æмæ хогонд. Ард та хордтой æмгæртты, æууæнкджын адæмы раз. Арахъы кæнæ бæгæныйы агуывзæйы-иу æвзист æхца ныппæрстой. Хистæр сæ-иу Стыр Хуыцау æмæ Уастырджийыл бафæдзæхста, сæ ардбахæрд фидар, фæзминаг куыд рауайа, уый тыххæй-иу скуывта. Стæй нозт ныуæзтой æфсымæртæ, кæнæ хо æмæ, æфсымæр кæрæдзийæ чи загъта, уыдон радгай. Æрдхорд æфсымæртæ, стæй хо æмæ æфсымæр цы чызг æмæ лæппу загътой, уыдон æргæвстой кусарт, æрцæттæ-иу кодтой цæлы фынг.
         Ард хордта, лæгмарынæй дызæрдыг кæуыл кодтой, уыцы нæлгоймаг дæр. Ныхасы лæгтæ-иу æй марды ингæныл слæууын кодтой, æмæ-иу хъуамæ загътаид: “Ард хæрын, æмæ, кæд ыл мæ къухæй исты æрцыд, уæд мæ йæ тæригъæд баййафæд!”. Карздæр æмæ фидардæр ардбахæрд нæ уыд, æмæ ацы æгъдауыл мæнгардæй разилын йæ ныфс ничи хаста. “Ард” понимается как магическая сила, - фыссы Абайты Васо “Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат”-ы. - Культовое происхождение слова подтверждается алан. ард “бог” в названии Феодосии Ардавда (город) семи богов”.

         АРС - кадæг “Сосланы мæлæт”-ы Арсæн йæ иузæрдиондзинады тыххæй Сослан зæгъы: “Ахæм амонд дын Хуыцау радтæд, æмæ дæ фæд адæмыл тас куыд æфтауа, стæй лæгæты фондз мæйы æнæхæргæйæ куыд цæрай”. Æмæ йыл йæ арфæ æрцыд.
         Арсыл ирон адæмон сфæлдыстады бирæ æмбисæндтæ ис. Арсы, дам, мыдмæ тыхæй ластой æмæ йын йæ хъустæ атыдтой, фæстæмæ ласгæйæ та йæ æнæкъæдзил фæкодтой”. (Уымæн ын ис чысыл хъустæ æмæ цыбыр къæдзил). “Чидæр, дам, арсæн йæхи уыдта, афтæмæй йын йæ фæд агуырдта”. “Арсы хъуыны мæлдзыг”. Ис арсы тыххæй сæрмагонд таурæгътæ: сидзæргæсимæ хъæды куыд фембæлд; мæлдзгуытимæ куыд тох кодта; йæ къахы суджы схъис сласынæн ын хъæддзау куыд баххуыс кодта, æмæ йæ уый тыххæй арс мыды фæзгъæрмæ куыд бакодта.
         Арс ирон адæммæ табуйаг сырд у. Йæ æвзæры кой ничи ракæндзæн. Уый нæ, фæлæ ма йæ хонынц адæмæй. Хуыбиатæй, дам, равзæрд. Уый фæдыл ис ахæм таурæгъ: “Байрæзт, бахъомыл Хуыбиатæй иу рæсугъд, фердæхтджын, фырнымд чызг. Моймæ цæуыны кары куы бацыд, уæд йæ амонд ссардта фæрныг хæдзары. Царды ницæмæй фæлмæцыд. Рæвдз алы хъуыддагмæ дæр. Лæджы хъару йæм уыд. Йæ фезмæлдыл цæст нæ хæцыд.
         Хистæртæн лæггад кæнынмæ нæ зивæг кодта. Иу фæсахсæвæр та æрхуыссыны размæ йæ хицауы къæхтæн дон ахъарм кодта, ахсадта сæ æмæ йын сæ хус хæцъилæй асæрфон, зæгъгæ, сонтæй рæвдз куы фæгуыбыр кодта, уæд йæ гæрах аирвæзт. Хистæр цыма ницы фехъуыста, афтæ йæхи акодта, фæлæ чындзы уавæр æндæр уыд. Фырæфсæрмæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта æмæ сагъдау аззад. Цæсгом асырх, цæстытæ донæй айдзаг сты. Бæргæ йæ фæндыд исты æфсон акæнын, уый мæ сæрак дзабыры хъинц уыд, зæгъгæ, зæгъын, фæлæ йæ хицаумæ уайсадгæ кодта. Йæхи ма цы фæкодтаид, уымæн амал нал ардта. Стæй тыргъмæ разгъордта. Æхсæвы сатæг уæлдæф ын йæ судзгæ рустыл куы сæмбæлд, стæй йæ хицауы куы нал уыдта, уæд феуæгъд йæ æнтъыснæг уавæрæй, фæлæ йæ æфсæрмдзастдзинад æнцад нæ уагъта. Ныр-ма цы цæсгомæй æрлæудзынæн мæ хицауы раз, куы фæхудинаг дæн, уæд зæгъгæ. Йæ сæрæн куы ницыуал зыдта, уæд скуывта: “О, Стыр Хуыцау, ме сфæлдисаг Хуыцау, кæд мæ истæмæ дарыс, нымайыс мæ, уæд мæнæн ацы фæхудинаджы фæстæ нæдæр ацы хæдзары цæрæн ис, нæдæр – адæмы æхсæн, æмæ мæ фестын кæн ахæм сырды мыггаг, сырдтæ дæр кæмæй тæрсой æмæ адæм дæр!”. Чызджы куывд Хуыцаумæ фехъуыст - æмæ йæ сырд фестын кодта: тыхджын, зондджын егъау Арс, адæмыл æмæ сырдтыл дæр тас чи æфтауы, ахæм”.
         Таурæгъ таурæгъ у, фæлæ Хуыбиатæм таурæгъ нæ кæсы. Арсы нымайынц сæхиуыл, æмæ йыл цуан нæ кæнынц, йæ фыд дæр ын нæ хæрынц. Дзимыргомы кæддæр Хуыбиаты хæрæфырт цуанæттимæ арсыл цуанмæ ацыд. Æрхъула йыл кодтой æмæ йæ куы фæцæф кодтой, уæд Хуыбиаты хæрæфырты æрдæм фефсæрста æмæ йын фыдмитæ бакодта. Раст цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд, чи, чи, фæлæ ды та нæ хæрæфырт куы дæ, уæд мæм дæ къух куыд систай. Адæм æй уыцы хуызы бамбæрстой.

         АРТ - арт, зынг ирон адæмон сфæлдыстады æмбæлынц сæ комкоммæ нысаниуæгимæ æмæ фæсномыгæй дæр. Ныр дæр ма арæх фехъусæн вæййы ахæм зæгъдтытæ: “Мæ артыл дон бакалд!”, “Артæн бын фæнык ын нæй”. “Мæ арт бауазал!”, “Мæ зынг ахуыссыд!” Зынг (арт) царды ахсджиаг фæрæз кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ нымадтой арвæй, Хуыцауæй æрхæсгæйыл. Бердзейнæгтæн æй сæ мифологийы æрхаста Прометей, ирæттæн - Амран. Сæ дыууæйы дæр уый тыххæй Зевс æмæ Стыр Хуыцау байтындзынц: сæ иуы хохы фахсыл, иннæйы та - тарф лæгæты.
         Арт, зынг адæмы царды, удты бауагътой тафс. Уымæ гæсгæ йæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц, табуйаг сын у. Алы æхсæв дæр-иу алы хæдзар дæр зынг йæ артдзæсты фæнычы баныуæрста, бамбæхста. Кæмæн-иу ахъуызыд, уый-иу йæхицæн бынат нал ардта. Зынггур-иу цыдысты хорз сыхагмæ, хионмæ. (Скифтæм уыдис ном Атрагур - Артагур). Артдзæстæй кодтой аргъуц, дон ыл нæ калдтой, йæ зынгæй хъазын нæ фæтчыд сывæллæттæн. Арт сæ хъахъхъæдта уазалæй, сырдæй æмæ ма суанг æбæрæг фыдæх тыхтæй дæр.
         Къонайы арт фарн æфтыдта бинонты æнгомдзинадыл. Йæ алыварс бадгæйæ бирæ хорз æгъдæуттыл сахуыр сты бирæ фæлтæртæ, бирæ кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ æмæ æмбисæндтæ дзы равзæрд кадæггæнджыты зонды. Æртхурон æмæ æртхутæг дæр артимæ баст сты. Иу дзы фæрныг цардагурынимæ баст у, иннæ бастъæлынимæ, фæлæ уый дæр æвдисы арты тых. Дунейы фьццаг хъаймæт дæр уыд артæй.
         Арт ирон адæммæ табуйаг кæй у, нымд дзы кæй кæнынц, уый бæрæг у, зианджыны хæдзары фыццаг дыууæ боны пецы арт кæй нæ кодтой, арынджы фарсмæ балæууын къæбæр скæныны охыл кæй нæ фæтчыд. Æрмæстдæр æртыккаг бон - йæ ныгæнæн бон - бакæнын æмбæлы арт зианджыны хæдзары фынгыл хойраг æрæвæрыны тыххæй. Æмæ ахæм æгъдау æрмæст ирæттæм нæ уыд. Рагон ромаг фыссæг Луций Апулейы (цард 125-180 азты) уацмыс “Метаморфозы”-йы (М. 1954 г. Издательство Академии наук СССР) архайджытæй иу ус, йæ лæджы мард хъахъхъæнæг дзы æхсæвæрæн хæрд, нозт куы бацагуырдта, уæд ын афтæ зæгъы: “Да ты в своем уме? В доме, где траур, ищешь остатков от ужина, когда у нас который день и кухня не топится!” Ис ирон бæрæгбон “æртгæнæнтæ”. Вæййы Цыппурсы хæдфæстæ сабаты. У, афæдзы дæргъы чи амæлы, уыдон æрымысынæн. Сæ номыл скæнынц æртытæ, бон æмæ æхсæв кæрæдзийæ куы фæхицæн кæнынц, уæд. Раздæр-иу арт кодтой марды ингæны дæр. Ныр та - ингæныл йæ баныгæныны хæдфæстæ Фыдрайсомы. Зынгæй йын фæхъæстæ кæнынц йæ мæрддзаг уæлæдарæс æмæ йе 'мбæрзæн дæр. Уæдæ Ногбоны æртытæ цас æхсызгондзинад хæссынц ирон адæмæн! Сæ алыварс кафынц, сæ сæрты гæппытæ кæнынц, сæ цæхæрмæ сойы фæзгъæртæ феппарынц.
         Артæй нымд кæнын нæм æрхæццæ нæ рагфыдæлтæй. Уыцы миниуæг нæ бæтты иннæ ариаг адæмтимæ, сæ фыдæлтæ артмæ кæмæн куывтой, уыдонимæ.

         АРТÆЙ ХЪАЙМÆТ - ирон адæмы динон уырнынадмæ гæсгæ Зæххыл Хуыцауы фæндæй уыд дыууæ Хъаймæты: артæй æмæ донæй. Сæ дыууæйы кой дæр ис ирон мифологийы. Артæй хъаймæтимæ баст ис ахæм чысыл таурæгъ: “Адæмы цард æрдзæ сæдæтæй нымайгæ у. Царды цыды сыл бирæ бæллæхтæ æрцыд. Сæхи аххосæй, Хуыцауы азарæй. Уыдонæй æппæты хъазайрагдæр сты Хъаймæт æмæ Ахæррæтт. Уыдис донæй хъаймæт. Фæлæ ма уый размæ уыд Артæй хъаймæт дæр. Уæд зæххыл сыстад зынг, арты æвзæгтæ бавнæлдтой, цыдæриддæр судзынмæ бæззыд, уыцы зайæгойты æмæ цæрæгойты буармæ. Уыцы уавæры ма адæмæй алчидæр уыд, æрмæстдæр йæхи сæр кæм фæцавтаид, ууыл. Згъоры быдыры иу мад дæр йæ дзидзидай сывæллонимæ. Арт æй фæсте суры, зæххы уæлцъар судзгæ.
         Бафæллад мад, фæлæ уæддæр йæ хъæбулы йæ риумæ тынг нылхъывта, афтæмæй лидзы арты æвзæгтæй. Мæнæ йæ æрбаййафынц, ацахстой йын йæ къабайы фæдджитæ, асыгъдысты йæ зæвæттæ. Сау мæры къуыбырыл ма алæууыд, фæлæ уый дæр йæ къæхты бын фæнык фестад, æмæ йæ къæхты бынтæ ссыгъдысты. Уæд ус йæ сывæллонмæ фæлæбурдта, йæ къæхты бын æй авæрдта æмæ йыл алæууыд. Арт сæ дыууæйы дæр басыгътаид, фæлæ Хуыцауы зæрдæ мады мийæ ныккæрзыдта æмæ йæ ралгъыста:
         - Гъе, 'мæ кæд цард афтæ бирæ уарзыс, уæд иннæ Хъаймæтмæ фæцæр. Фæцардис, дам, уыцы ус иннæ хъаймæтмæ. Ныхъхъырттæг, хъаймæтмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Æдзух йæ былалгъыл дардта иу дзырд: “Мæлæт, мæлæт, мæлæт”. Фæлæ йæм удхæссæг æввахс нæ цыд.

         АРТЪАУЫЗ - мæйрухс æхсæв цалхыдзаг Мæймæ биноныг куы ныккæсай, уæд ыл адæймаджы цæст цыдæр æндæрджы хуызæн равзары. Уый уæйыг у, зæгъгæ-иу, дзырдтой хистæртæ кæстæртæн. Йæ ном Артъауыз. Адæмы знаг, фыдгæнæг. Уый тыххæй йæ Хуыцауы фæндонмæ гæсгæ Уацилла æфсæн зæгæлтæй ныххуыдта Мæймæ, йæ тымбылæджы куыд бацыд, афтæ. Уæлæ йæ сæр, йæ гуыр, йæ къæхтæ, зæгъгæ-иу, къухæй амыдтой. Артъауыз куы раирвæза, уæд адæмы бахæрдзæн. Цæмæй ма раирвæза, уый тыххæй алы куырд дæр хъуамæ уæлдай цæф кодтаид йæ хъæсдарæг. Æмæ куырдтæн уый сси æгъдау. Артъауызы тыххæй ис ахæм таурæгъ: “Хуыцау сфæлдыста цыппар хорзы: се 'ппæты сæйраг - Артъауыз, иннæ - лæг, иннæ - фыс, иннæ - мæнæу. Лæг æмæ фыс æмæ мæнæуæн семæ сфæлдыста фæйнæ хæйрæджы. Гъе ныр æртæ хорзæн семæ ис æртæ хæйрæджы, æмæ сыл фæсмон кæны Хуыцау: “Куы нæ сæ сфæлдыстаин фæлтау”.
         Уыдон цавæр хæйрæджытæ сты? Лæгæн - ус йемæ, фысæн - сæгъ, мæнæуæн - сысылы.
         Артъауыз нын хорзæн фæлдыст уыд бæргæ, фæлæ адæмты ардыдта иууыл зыгъуыммæдзинадыл. Уæд Хуыцау Уациллайæн загъта, Артъауызы куыд сласа йæхимæ. Уацилла арвыл авæрдта мигъы сыг, ныкъкъæрцц æй ласта æмæ Артъауызы фелвæста йæхимæ. Хъуамæ йæ бабастаиккой Мæйы мидæг. Уæд Артъауыз фелвæста йæ дыууæ къухы дзаг хуыртæ æмæ дуртæ, ракалдта сæ æмæ загъта: “Уым цал муры ис, уал змæлæджы фестут, баззайут зæххон адæмæн фыдбылызæн”.
         Уæд æй Мæйы мидæг æфсæйнаг зæгæлтæй ныххуыдтой. Уыцы хуыртæ æмæ дуртæ фестадысты, зæххыл æнæххуыс змæлæг чи ис, уыдон: кæлмытæ æмæ бындзытæ, хъæндилтæ æмæ цъиутæ.

         АРФÆГОНД ФÆТТÆ - Хуыцауæй арфæгонд фæттæ уыд Хызы фырт Челæхсæртæгмæ. Уыдонæй æнæмæнг йæ бон уыд æртæ лæджы амарын. Спайда сæ кодта, Нарты Гаджийы ус куы аскъæфта, уæд æм Хызы фидармæ Гаджи, Уазы фырт Чех æмæ Бедзенæджы фырт Арæхдзау куы ныббырстой, уæд. Адон мæ нырæй уынгæгдæр рæстæг нæ бахъæудзысты, зæгъгæ, сæ рахаста. Радыгай сæ хæрдмæ фехста афтæ скувгæ: “Æ, Хуыцау, ме сфæлдисæг Хуыцау! Ацы фат дæумæ ссæуæд æмæ фæстæмæ æрцæуæд мигъы æврагъы астæу æмæ Уазы фырт Чехы амарæд”. Стæй та - Бедзенæджы фырт Арæхдзауы æмæ Нарты Гаджийы.

         АРФÆТÆГÆНÆГ - ирон царды, стæй адæмон сфæлдыстады дæр ис арфæтæгæнджытæ. Уыдон фылдæр сты сылгоймæгтæ.
         Арфæтæгæнæджы ми арæзт у хæрзаудæнырдæм, дзæбæх кæны цæстдзыд сывæллæтты, стæй хæдзарон фос. “Цæстдзыд кæны мад йæхи сывæллоны дæр”,- фæзæгъынц ирон адæм. Гъе уымæ гæсгæ æгæр макæуыл, мацæуыл бадис кæн. Нæдæр дæ сывæллоныл, нæдæр дæ хъуджы æхсыры æркондыл - фæцæстдзыд сæ кæндзынæ. Стæй сæ искæй æвзæр цæстæй дæр хиз - арфæтæгæнæджы лæггад дæ бахъæудзæн.

         АРХЪЫЗЫ ДÆНДАГ (Хъох-дæндаг) - уыдис æрмæстдæр Хæмыцæн. Уыцы дæндагмæ ахæм миниуæг уыд, æмæ-иу æй сылгоймаджы мыггагæй кæмæдæриддæр равдыстаид Хæмыц, уый-иу ын йæ фæндоныл дыууæ нæ загътаид. Уымæ гæсгæ бирæты зæрдæхудт райста. Борæты Бурæфæрныджы усмæ дæр фæрæдыд, æмæ йæ сæ хæрæфырт Сайнæгæлдарæн амарын кодтой. (Кадæг “Хæмыцы мæлæт”).
         Хæмыцæн Архъызы (Хъох) дæндаг радта йæ фыдыхо Хъызмыдæ, цæмæй йæ йæ æлгъысты азарæй бахиза. Хæмыц æй Нарты скъæты баст хæрæгæй æлгъитгæ та ракодта, Уырызмæджы Хæмыцæй хистæр кæй рахуыдта, уый тыххæй.

         АРЫХЪ САПОН, АРЫХЪÆХСАД - Арыхъыты ранæй-рæтты ис фынкгæнаг цъæх æлыг. Кадджытæм, таурæгътæм гæсгæ дзы раджы заманты адæм сæ бæхты найгæйæ æхсадтой. Арыхъ сапонæй адæм надтой сæхи дæр, æхсадтой дзы сæ дарæс, Арыхъ сапонæй над, æхсад, - ома, хæрзнад, хæрзæхсад.

         АСАНА - Уырызмæг æмæ Сатанайы фырт, бахъомыл Донбеттыртæм. Уый амардта, тыхгæнæг тых кæмæн нæ ардта, Азны уыцы æртæ фырты. Уыдон уыдысты Нарты знæгтæ, ахæм хъалон сыл сæвæрдтой, бафидæн кæмæн нæ уыд, æмæ сæ сæ цæрæн бынатæй сурын сфæнд кодтой. Уыцы худинаджы уавæрæй сæ фервæзын кодта Асана, фæлæ йын йæхи дæр мæнгардæй амарынц Борæтæ. “Асана фыдгæнæг уыди æмæ нæ уагъта Борæты цæрын, - загъд ис кадæг “Сослан æмæ Уырызмæджы”. - Нард гал-иу сæм куы уыд, уæд-иу æй ныргæвста, нард бæх сæм куы уыд, уæд та ууыл бадт. Уæларв Куырдалæгонмæ та куырд ахуыр уыди, æмæ бирæ фос Куырдалæгонæн ныббастой Борæтæ, ай нын амар, зæгъгæ. “Амæн амарæн нæй”, - загъта Куырдалæгон, фæлæ сын авд ивази уæрм скъахын кодта куырдадзы фарсмæ, уæрмы сæрыл урс бинаг байтыдтой æмæ уым Асана ныххауди, куырды куыст куы кодта, уæд. Борæтæ йæ уæрмы фидар нымбæрзтой”.

         АСÆХЪ-МАСÆХЪ-ХЪУЛОН РИХИ - Нарты кадджыты йæ Сослан мæнгардæй амардта. Йæ хъулон рихи йын æд боцъо растыгъта æмæ йæ бафтауын кодта, Нарты устытæ æмæ чызджытæ йын цы кæрц хуыдтой, уымæ, ссис йе 'фцæгготы фаг. Раст Елтагъанæн куыд бакодта, афтæ. Кадæг хуыйны “Сослан Нарти адæми закъитæй кæрцæ куд скодта”.

         АСТÆУМАРХО - ирон уалдзыгон бæрæгбон. Ирон адæм мархо дардтой авд къуырийы, Куадзæнæй (комуадзæнæй) фæстæмæ ранымайгæйæ. Астæумархомæ Стыр комбæттæнæй ис æртæ къуырийы æмæ æртæ боны, Астæумархойæ Куадзæнмæ дæр - раст уый бæрц - æртæ къуырийы æмæ æртæ боны. Астæумархойæн ма ис æндæр ном дæр - Кæфхæрæн. Уымæн æмæ комдарæны рæстæг æрмæстдæр уыцы бон фæтчыд кæфы фыд хæрын. Æнæуый авд къуырийы дæргъы нæдæр сойаг хæрæн уыд, нæдæр - фыдызгъæл, афтæ кæф дæр.

         АСТÆУККАГ НАРТ - Нарты хъæуы æртæ сыхæй иу. Кæс “Æртæ нарты”. Астæуккаг сыхы цæрынц номдзыд Æхсæртæггатæ, сæ сæрмæ арв нæрын кæмæй нæ уæнды, маргъ атæхын. Æндонриу æмæ гуыппырсар Æхсæртæггатæ.

         АСТФИСЫНОН, ЦЫППАРКЪУЫМОН ХÆДЗАР - нæ фыдæлтæм хæдзæртты, фидæртты, мæсгуыты арæзтады архитектурæ бæрзонд æвæрд кæй уыд, уый ирдæй зыны Нарты кадджыты. Кадæг “Уырызмæджы мæсыджы” дыууæ фаззон æфсымæры Уырызмæг æмæ Хæмыц фæбыцæу сты, чи сæ хистæр у, ууыл. Уый сбæрæг вæййы, йæ мæсыг сæ чи хуыздæр æмæ тагъддæр самадта, уымæй. Кадæг “Фæндыр куыд фæзынди”-йы та Нартæ иумæйаг æмбырддон хæдзар арæзтой æмæ йыл фæцархайдтой афæдзæй-афæдзмæ. Уæддæр сын æм Сырдон фаутæ æрхаста. Уæдæ диссаг та куыд нæ сты Борæты Æрдамонгæ хæдзар, стæй Алæгаты куывдтæгæнæн хæдзар! Фидардæрæн та сæ арæзтой æдде астфисынон, мидæгæй та - цыппаркъуымонтæ.

         АТАЙТЫ КЪОДАХ - ирон мифологийы зындгонд сты Атайты цыкурайы фæрдгуытæ, фæлæ ма сæм уыд къодах дæр. Къодахы фæдыл ис ахæм таурæгъ: “Раджы заманы Атайтæй иу лæг ацыд хъæдмæ суг ласынмæ. Иу бæласы раз æрлæууыд æмæ йæ гъа ныр фæрæтæй ныццæва, зæгъгæ, афтæ кæцæйдæр хъæр фæцыди: “Ма ныццæв!” Лæг дыккаг бæлас акалынмæ хъавыд, фæлæ та йæ уыцы хъæр баурæдта. Уæд æртыккаг бæласыл фæрæт æруагъта, æмæ нæзы бæласы фæрæтдзæфæй рахъардта æхсыр æмæ туг. Уæдæ ай бæркады хос у, - загъта Атайы-фырт, бæласæй стыр къодах ралыг кодта æмæ йæ сæхимæ раласта. Цæуы фæндагыл, æмæ йæм чидæр дзуры: “Хъахъхъæн уыцы къодахы”. Къодах бафснайдтой се скъæты, æмæ уæдæй фæстæмæ Атайтыл цард хæцын байдыдта, схъæздыг сты. Уый у мыггаджы дзуар, æмæ йын алы аз дæр кæнынц кусарт æмæ кувинæгтæ. Атайтæм ма уыдис цыкурайы фæрдыг дæр, æмæ уымæн дæр æрвылаз кодтой куывд.

         АТА ÆМÆ АМАН - ирон мифологийы Адам æмæ Евæ, Стыр Хуыцау зæххыл фыццагдæр кæй сфæлдыста, æмæ адæм кæмæй рацыдысты, уыцы лæг æмæ ус. Ис ахæм ирон дзырдбаст “Иратаманæй нырмæ ахæм хъуыддаг нæма æрцыд”. Ома Ата æмæ Аманы Хуыцау куы сфæлдыста, уæдæй абонмæ ахæм Ирыстоны нæма уыд. Иратаман у æвастхъæры хуызы дæр: “О, Иратаман!”.

         АТЫНÆГ - сæрдыгон хъæууонхæдзарадон бæрæгбон. Хонынц ма йæ Цыргъисæн æмæ Халмæвналæн дæр. Вæййы Кæхцгæнæнты фæстæ дыккаг хуыцаубоны. Баст у хосгæрдæнты райдайæны бонимæ. Нæ фосдарæг фыдæлтæ хосгæрдæнтæн уæлдай аргъ кодтой, ахсджиаг куысты афон сын уыд, æмæ-иу ын цалынмæ йæ бæрæгбон - Атынæг - сбæрæг кодтой, уæдмæ-иу йæ къухмæ цæвæг ничи райста. “Уыгæрдæнтæ-иу æйтт, зæгъгæ, кæрдинаг куы уыдаиккой, уæддæр уыцы бæрæгбоны размæ иу ирон дæр йæ къухмæ цæвæг нæ райстаид, - фыста ахуыргонд Уарзиаты Вилен йæ чиныг “Ирон бæрæгбæттæ незамантæй абонмæ”-йы. - Уырныдта сæ: хос кæрдыны фæтк хæлд куы æрцæуа, уæд сæ уæларвон тыхты азар баййафдзæн - къæвда æрцæудзæн, науæд бæстæ басудздзæн. Æмæ фыдбылыз дæу аххосæй æрцæуа, уый кæй бафæндыдаид”. Атынæджы бæрæгбонмæ цæттæ кодтой рагацау, сыхтыл-иу къусбар æрзылдысты, æхца æмбырд кодтой нывондагæн. Фыхтой бæгæны. Куывдмæ алы хæдзар дæр хаста æртæ хæбизджыны. Хистæр-иу йæ фыццаг сидтытæй хъæубæсты бафæдзæхста Стыр Хуыцауыл, Уастырджийыл, стæй иу ссардта Атынæджы ном, къусбар цы хæдзæрттæ скодтой, уыдонæн сæ цыргъаг æнæкъуылымпытæй куыд бакæна хосæфтауц кæныны куыстытæ, зæгъгæ. Атынæджы бæрæгбоны куывтой Елиа æмæ Уацилламæ дæр. Фаг-иу фæбадтысты цæлы фынгтыл. Фæссихор-иу адæмæн хистæрæй кæстæрмæ бацайдагъ ерысæй кафт, дугътæ æмæ алыхуызон хъæзтытæ суанг æнафонтæм. Къуырисæр сын уыд фæлладуадзæн бон. Дыццæджы-иу куыстхъом нæлгоймæгтæ иууылдæр æрлæууыдысты хосгæрсты сæр. Рагацау-иу куывды сбæрæг кодтой, фыццаг уис æркæрдыны бар кæмæ æрхаудзæн, уыцы хуыздæр æмæ амондджындæр къух кæмæн ис, хосдзауы æмæ-иу уымæн уыцы бон фыццаг уис æрхæссын кодтой. Стæй-иу райхъуыст иннæты цæвджыты æхситт дæр зарæг æмæ опп-оппимæ.

         АУЫСТÆН - дзырд “ау” Абайты Васо йæ “Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат”-ы тæлмац кæны - сила, прочность - ома, тых æмæ фидардзинад. “Стæн” та амоны нымдгæнын, дæуыстæн, мæ мады, мæ фыды стæн, зæххыстæн, Хуыцауыстæн, Ауыстæн - тыхы, фидардзинадыстæн.

         АФСАМБИТТ - “Хуыцау уæйгуыты куы сфæлдыста, уæд уыдысты æртæ æфсымæры: Æфсадагъ, Харахсей æмæ Афсамбитт”, - зæгъы таурæгъ “Уæйгуытæ”.

         АХАР-КАЛАК - Нарты кадджыты знæгты фидар. Басæттæн кæмæн нæ уыд, ахæм сахар-фидар, фæлæ Батрадзы ныхмæ фæлæууын нæ бафæрæзта. Уый йæ басаста.

         АХÆНÆТ - Æфсатийы иунæг чызг, ракуырдта йæ Хуры фырт Хæмæтхъан. Зарджыты ма йæ хонынц Хайырхъыз дæр. Уым та йæ уæларвмæ аскъæфы Сесана.

         АХÆРА-ДУР - ирон уырнынадмæ гæсгæ Хъаймæты бон арвæй æрхаудзæн Ахæра-дур. Йæ цæфæй Зæхх афтæ тынг нынкъуысдзæн, æмæ фегæмттæ уыдзæн. Аныхъхъуырдзæн, цыдæриддæр ыл цæрæг ис, уыдоны. Суанг ма стъалыты, Мæй æмæ Хуры дæр.

         АХÆРРÆТТ - бынсæфты Хъаймæт. Ирон мифологимæ гæсгæ уыд Артæй хъаймæт, стæй та - Донæй хъаймæт. Æмæ та адæм ногæй сбирæ вæййынц. Уый уымæн, æмæ сæ Хуыцау бындзагъд нæ кæны. Йæ бон сæ бынтон фесафын кæй у, уый сын равдисы, æмæ та сын иу хаттæй иннæ хаттмæ фæлварæн рæстæг радты. Фæлæ сæм хуыздæр зонд куы нæ æрцæуа, сæ цардыуагыл биноныг куы нæ ныхъхъуыды кæной, сæ адæймагдзинад куы фесафой, уæд сын Хуыцау рахæсдзæн карз тæрхон Ахæррæтт - бынсæфты Хъаймæт. Хуыцау Арвы дуар фегом кæндзæн æмæ судзгæ æрвон дуртæ зæхмæ æргæр-гæр кæндзысты, ныххойдзысты йæ, цæрæг æмæ дзы зайæгой куыд нал баззайа, афтæ.

         АХМÆТХЪАН - Мæйы фырт.

         АХОХ-ДЕНДЖЫЗ - Нарты кадджыты “Батрадз йе 'фсымæры хæйрæджыты уацарæй куыд ракодта”, уым ын уæларвон Найсын афтæ зæгъы: “Де 'фсымæр æмæ зæронд лæджы лæппу (уыцы-иу рæстæг фесæфтысты), Ахох-денджыз æмæ Хъара-денджыз иу кæм бавæййынц, уым сты хæйрæджыты къухы”. Батрадзы æфсымæр баст уыди, зæронд лæджы лæппу та - уæгъд, æмæ сæ æргæвдынмæ нард кодтой Хæйрæджыты æхсæвмæ. Батрадз сæ дыууæйы дæр хæйрæджытæй тыхæй байста.

         АХРУМАН - раздæр-иу, йæ сывæллоны кæуын кæнæ хъæрахстæй чи сфæлмæцыд, ахæм тыхст ирон мадæй фехъусæн уыд ахæм æлгъыст: “Ахруман (захруман) - дæ хъуыры, кæд ололи нæ фестадтæ. Ахруманыл нырма ирон адæмон сфæлдыстады æндæр никуы сæмбæлдтæн. Ахруман кæд, мыййаг, зороастрийæгты дины чиныг “Авестæ”-йы кæуыл æмбæлæм, уыцы Анхра-Манью у. Персайнæгтæ та йæ хонынц Ахриман, æмæ нæм кæд уыдонæй æрбахæццæ. Æниу нæ рагфыдæлтæ иу куы уыдысты...
         Зороастриаг дингæнджытæ табу кæнынц зынгæн. Сæ дины сæйраг у Хæлар æмæ Хæрам тыхты тох. Хæлар тыхтæ цæуынц Ахура-Маздайæ, Хæрам тыхтæ та - Анхра-Маньюйæ (Ахриманæй) - фыдæхы бардуагæй. Кæд, мыййаг, карз æлгъыст “Ахруман - дæ хъуыры” - уый тæвагæй фæзынд ирæттæм. Æнæ уый дæр нæ рагфыдæлтæ, зынгæн, артæн табу кæй кодтой, уый зындгонд куы у. Ныр дæр ма нæм ис бæрæгбон Æртгæнæнтæ, Ногбоны æртытæ та диссагæн дзуринаг куы фæвæййынц сывæллæттæн. Уæдæ Ногбоны Æртхурон та? Раздæр-иу мардæн йæ ингæн куы фæлдыстой, уæд ингæны арт кодтой. Ныр дæр ын фыццаг табæты йæ уæлæдарæс, æмбæрзæнтæ фæзынгдзæф кæнынц, стæй йæ куы баныгæнынц, уæд ын йæ ныгæнæн боны хæдфæстæ райсом - Фыдырайсомы йæ уæлмæрдыл арт скæнынц.
         “Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?” - хуымæтæджы нæ фыста Къоста.

         АХСАБИЙЫ ДЗУАР – кувæндон Куырттаты комы. Кæддæр уыдис абоны рынчындоны кæрты. Комбæстæ-иу июны фæстаг хуыцаубоны ардæм æрæмбырд æмæ-иу уæлмонц, хъæлдзæг æмæ зæрдæрайæ арвыстой сæ рæстæг. Фæстæдæр Фыййагдоны æрзæткъахæнты кусджытæн цæрæн поселок куы арæзтой, уæд ын йæ систæ æмæ буртæ фехæлдтой, сæ дуртæ сын арæзтадмæ фæластой. Фæлæ та кувæндон ногæй сарæзтой, æмæ йæм адæм кувынмæ цæуынц.

         АХУЫ - Царциатæй. Дзырддзæугæ лæг, æппæтзонаг. Обауы сæр ын стыр мæсыг уыд. Уырдæм æм Уырызмæг æмæ Хæмыц ссыдысты фæрсынмæ, сæ дыууæйæ чи хистæр у, уый базонынмæ. Уырызмæг йæхи разæйцæуæг фæкодта æмæ йæ фæрсгæ дæр уый бакодта: “Мах фаззæттæ стæм, æмæ нын зæгъ, хистæр нæ чи у æмæ кæстæр?” Ахуы сын зæгъы: “Ау, æмæ йæ уе 'рбацыдæй уæхæдæг куы равдыстат, уæд ма мæ цы фæрсут. Бæлццæттæй дæр фысымтæм раздæр хистæр æрбадзуры (дзургæ дæр æм Уырызмæг бакодта). Хистæры раз кæстæрæн ахæм бар нæй”. Хæмыц æм ууыл фæмæсты æмæ йæ ралгъыста. Нартæн та сæ ныхас цæуаг уыд æмæ, Уырызмæг куы нæ уыдаид, уæд Ахуы йæ мæсыджы бын ныммардаид, Хæмыцы æлгъыстæй йыл ныккалдаид. Ахуыйы мæсыг фæцудыдта, фæлæ йын æй Уырызмæг ногæй рацарæзта, стæй дзы Хæмыцы бæсты хатыр ракуырдта.

         АХЪ-ДЕНДЖЫЗ - Азовы денджыз Нарты кадджыты. Нарты фæсивæд сæ бæхтыл дугъы уайынц Ахъ-денджызæй Хъара (Сау) денджызмæ.

         АХЪМИНЦА - адæмон сфæлдыстады (аргъæутты) фæсномыгæй афтæ хонынц хæсгард.

         АЦÆ - Нарты Алæгаты Ацæйæн уыдис æртæ фырты. Кæстæр Ацæмæз - Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз. Ацæ куы амард, уæд æфсымæртæ уарыныл ныллæууыдысты. Уаргæ-уарын нæ фидыдтой æмæ авд Ныхасмæ рахастой сæ хъуыддаг. Фæстагмæ сæ уарæг уыдис Мæгуырæг. Уый стæрхон кодта: фос - хистæр фырттæн, æнусон сыгъзæрин уадындз та - кæстæрæн.

         АЦÆГ - алæмæты аргъау “Фæныкгуыз Ацæджы” сæйраг архайæг, æртæ æфсымæрæй кæстæр. Уый, фæныкгуыз уæвгæйæ, йе 'фсымæртæй разынд зондджындæр æмæ хъаруджындæр. Йæ фыды мард уый бахъахъхъæдта Сау, Сырх æмæ Урс уæйгуытæй. Уый сæ амардта. Сæ бæхтæ æмæ хæцæнгæрзтæ сын бафæсвæд кодта... Æмæ æртыккаг бон Мæликк куы фехъусын кодта, мæ иунæг чызджы авдбынатон мæсыджы сæр сæвæрдзынæн, йæ къухы дардзæн йæ къухсæрфæн æд къухдарæн. Чи йын сæ раскъæфа, уымæн æй дæттын, зæгъгæ, уæд ын уыцы хæс сæххæст кæнын бантыст уæйгуыты бæхты фæрцы, уæлдайдæр та Урс уæйыджы бæхы фæрцы. Иннæ бæхтæ æд хæцæнгæрзтæ балæвар кодта йе 'фсымæртæн æмæ йæхицæн усæн æрхаста Мæличчы чызджы.

         АЦÆМÆЗ - Нарты Ацæйы кæстæр фырт. Алæгатæй. Кадæг “Ацæмæз æмæ Насран-æлдар” зæгъы: “Ацæтæй мыггаг нал уыдис - Ацæ йæхæдæг зæронд баци, йæ фырт Ацæмæз та ма дзидзидай уыдис”. Ахæм уавæры æрæййæфта зæронд Ацæйы йæ хæрæфырт Насран-æлдары усы скъæфты рæстæг, æмæ йемæ сæ бинонтæй фæдисы чи ацыдаид, уый нæ уыди. Ууыл сагъæстæ кæнгæйæ Ацæмæзы авдæны бабастой йæ дыууæ мады - йæ ныййарæг æмæ йе схæссæг, - йæ фæйнæварс æрбадтытсты æмæ йæ ауызтой: “А-ло-лай, а-ло-лай! Сауболат æмæ цъæх болатæй дæ авдæн, уæйыджы рагъдзарм гæрзтæй - дæ авдæнбостæ. Фæлæ нын нæ гал аргæвддзысты иварæн, нæ фæнычы къæрмæг нын дымгæмæ сдардзысты, нæ артыл нын дон ауадздзысты, Насран-æлдарæн йæ рæсугъд усы аскъæфтæуыд, æмæ уый æфсады махæй æфсæддон кæй нæй, уый тыххæй”.
         Лæппу сæм авдæнæй æнæнхъæлæджы сдзырдта, æз ацæудзынæн, зæгъгæ. Стæй йæхи аивæзта авдæны мидæг, авдæнæн йæ иу фарсы фæйнæг раппæрста, æмæ фæйнæг денджызы сæмбæлдис - денджыз хæрз хуыскъ бацис, - йе 'ннæ фарсы фæйнæг хъæды сæмбæлдис, æмæ хъæд цъæх арт суагъта, йæ нывæрзæны фæйнæг та Сау хохыл сæмбæлдис, æмæ Сау хох фæлæбырдтытæ ис; йæ дæлфæдты фæйнæг та Урс хохы сæмбæлдис, æмæ уый дæр фæлæбырдтытæ ис. Лæппу рабадтис æмæ загъта: “Гъе ныр мын бæх æмæ хæцæнгæрзтæ æриут, æмæ асурон æфсæддонты æмæ сæ баййафон”.
         Цымыдисаг сты, Ацæмæз йæхицæн бæх æмæ хæцæнгæрзтæ куыд агуры, уыцы цаутæ. Уæлдай цымыдисагдæр та, æфсадимæ куыд баиу вæййы, стæй Мысыры бæстæйы æлдаримæ лæгæй-лæгмæ хæсты цы хъæбатырдзинад равдыста, куыд ыл фæуæлахиз æмæ Насран-æлдарæн йæ рæсугъд усы куыд байста, уыдæттæ. Кадæг “Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд”-ы Ацæмæз у Ацæйы æртыккаг - кæстæр фырт. Ацæ куы амард, уæд æм йæ мулчы уæрсты æрхаудта æнусон сыгъзæрин уадындз. Ацæйæн æй радта Æфсати. Хистæр æфсымæртæ тынг разыйæ баззадысты. Ацæмæз дæр райста уадындз æмæ сфæнд кодта Сау хохмæ фæцæуын. Куы рацæйцыд, уæд афтæ фидыдта, æмæ Ныхасы адæм дзырдтой:
         - Уæлæ фæсрагъæй Бонвæрнон скасти!
         - Уæлæ Хурыскæсæны 'рдыгæй Кæрдæджы стъалы скасти!
         - Уый Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз Сау хохы сæрмæ йæ уадындзимæ Сайнæг-æлдары чызгмæ рацæуы.
         Нарты сагсур фæсивæдæн-иу сæ бæхты фынк калди Агуындæ-рæсугъды цæстмæ хъазынæй, фæлæ сæм уæддæр Агуындæ-рæсугъд иу хатт дæр нæ ракаст Сау хохы айнæджы сæрæй. Нарты хистæртæн сæ галдзарм уæфстæ баихсыдысты Сау хохы сæрмæ Сайнæг-æлдары чызг Агуындæ-рæсугъдмæ минæвар цæуынæй. Нартмæ ахæм фæсивæд нал баззад, Сайнæг-æлдармæ Агуындæйы тыххæй чи нæ баминæвар кодта, фæлæ дзы Агуындæ-рæсугъд иуæн дæр нæ бакуымдта.
         Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз рахаста йæ фыды хæзна, æнусон сыгъзæрин сауæфтыд уадындз. Схызти Сау хохмæ. Бæрзонддæр къæдзæхыл æрбадти æмæ зарынтæ байдыдта уадындзæй.
         Ацæмæзы зардмæ сæрджын сагтæ уæд галхъæлæсæй уасын байдайынц, сæ сыкъатæ бæрзонд сисынц æмæ лыстæг расирынц. Сау хъæды сычъитæ чъыллипп кафт кæныныл схæцыдысты. Сау хохы сау нæл сæгътæ æрызгъордтой сау айнæгæй æмæ диссаджы хъæзтытæ æмæ кæфтытæ систой, уырынгсыкъа гал-дзæбидыртимæ рог симд кæнын байдыдтой. Хъуазтæ æмæ, дын, сæгуыттæ Туацъæйы былмæ куы разгъорынц, уым куы амбырд вæййынц, сыкъайæ хъазын куы сисынц.
         Тæрхъустæ æмæ рувæстæ сæхи куынæуал бауромынц æмæ куы радугъ кæнынц фæтæн быдырты; Æфсатийы фос дзугтæ-дзугтæй айнæджы бынмæ æмбырд кæнын куы байдайынц. Фæлвæрайы фос дзугтæ- дзугтæй фæтæн быдырты куы рацæйцæуынц.
         Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз та ноджы зæрдиагдæрæй куы ныззары; хъуыр-хъуыргæнгæ райхъал сты уæд хуссары æрсытæ, сæ хъарм хуыссæнтæ ныууагътой æмæ уæззаугомау лæпп-лæпп симд самадтой Сау хъæды астæу. Гæмæх быдырты уæд алыхуызон рæсугъд дидинджытæ куы равзæрынц. Сæ алыварс гæлæбутæ æмæ стонг мыдыбындзытæ гуыв-гуывгæнгæ ратæх-батæх уæд куы байдайынц. Сау хъæды мæргътæ сæ уасынæй Сау хъæд сæ сæрыл куы сисынц æмæ Нæртон Ацæмæзæн сæ алыхуызон хъæлæстæй хъырнын куы райдайынц. Гуымы быдырты цъæх дудахъытæ æмæ сау совахъыты кафтмæ дуне куы 'ркæсы.
         Мигъы цъуппытæ кæрæдзийы фæстæ уæд куы рарæнхъ вæййынц. Сау хъæды рæбынты, зæххыл сæ хъарм цæстысыг згъалгæ; арвы нæрын дæр уæд куы фехъуысы, æмæ кæрдæджы хал цингæнгæ йæхи уарынмæ уæд куы бацæгъды. Ацæмæз дæр та ноджы йæ арæхст къух куы бацаразы æмæ рæсугъддæр йæ уадындзæй куы базары. Сау хъæд тъыфылтæй хæрдмæ хауын уæд куы байдайы, гæмæх æрдузтæ æмæ гæмæх къуылдымтæ, кæрдæджы хал кæм нæ зади, уыдон цъæх зæлдаг уадзын уæд куы байдыдтой.
         Ацæмæзы уадындзы зардмæ хæхтæ хъырнын райдыдтой, уый фæстæ та, дын, куы скафиккой Сау хох æмæ Урс хох, æмæ Сау хох лæбырдтытæ фæци, Урс хох урс змис фестади. Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз ноджы рæсугъддæр базары, æмæ æнæхъæн дунетæ æрыхъал вæййынц: æнусон цъититæ тайын куы байдайынц; уынгæг кæмтты хæххон уайаг дæттæ хæлхæлгæнгæ уæрæх быдыртæм згъорынтæ куы сисынц.
         Уалдзыгон хур йæ рæсугъд цæстæй æгас дунемæ хъæлдзæгæй уæд куы ракæсы; сыгъдæг уæлдæфмæ алы адæймаг дæр йæ уæнгтæ уæд куы айвазы. Æмæ йæ фæтæн риуы дзаг уæд куы сулæфы.
         Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз йæ уадындз аст æвзагæй сифтындзы æмæ ноджы рæсугъддæр ныззары, æмæ Сау хохы айнæг дуары йас куы фегом вæййы: Агуындæ-рæсугъд Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзы зарджытæм куынæуал фæлæууы, йæ куыст куы фæуадзы, айнæджы тигъæй куы ракæсы.
         Ацæмæз, дын, тынг фæдис кодта: “Ау, ай цы хъуыддаг уа: Сайнæг-æлдары чызг Агуындæ-рæсугъды хур дæр куы никуыма федта: æдзух Сау хохы мæсыджы æмбæхстæй куы бады, уæд ныр цæмæн ракасти айнæджы былæй?!” Ацæмæзæн уарзондзинад йæ уæнгты куы ахъары. Агуындæ-рæсугъд дæр, лæппуйы ауынгæйæ, уарзондзинадæй куы базыр-зыр кæны. Уастырджи æмæ Ныккола сразы сты Ацæмæзæн Сайнæг-æлдармæ Агуындæ-рæсугъды тыххæй минæвар бацæуын. Æмæ чызг йæ фыдæн афтæ зæгъы: “Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз кæд иу азы гуырд сагтæй сæдæ нæ кæртмæ æртæра, уæд мын аккаг у!” Ацæмæзæн Æфсати йæ фыды æрдхорд уыдис, æмæ Нарты фæсивæдæн афтæ: “Уартæ Адайы коммæ бацæут дæсæй, æмæ фæйнæ дæс саджы, иу азы гуырдтæ бафтдзæни уæ къухы”.
         Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзæн Агуындæ-рæсугъды сау хохæй рахастой Нарты фæсивæд. Къухылхæцæг ын уыдис бæрзонд Уастырджи, дыккаг æмбал - Нарты Уырызмæг, сæ разæй цыдис бæрзонд Ныккола, тырысахæссæг та сын уыдис Быдыры зæд. Цытджын Елиа сæ размæ бæхыл æрхъазы. Зæрдæхъæлдзæгæй йæ æрхастой æмæ йæ Нарты хæдзармæ бакодтой Сатанайы размæ.
         Ацæмæз у ирон Орфей. Кæд Сырдон фыдохы бон йæ хъыгæй дыууадæстæнон фæндыр сфæлдыста кадджытæ æмæ таурæгътæ кæнынæн, уæд Ацæмæзы уадындзы зæливылæнтæ та сты кæлæнгæнæг зарæджы хуызæн, адæймаджы нæ, фæлæ æппæт цæрæгойты дæр, хæхты, дæтты, зайæгойты йæхимæ арф чи ныхъхъусын кæны, музыкæйы, аивады, рæсугъддзинады тых тынгдæр кæм зыны, ахæм. æмæ йæ дыууæ хистæр æфсымæры сты Ацæтæй.

         АЦЫРУХС - Хуры чызг. Авд уæйыджы хъан. Нæрæмон Сосланы æртыккаг æмæ фæстаг ус. Авд уæйыджы йын æрхæссын кодтой Мæрдты бæстæйы Дзæнæты бæлас - Аза-бæласы сыфтæ ирæды иу хæсæн. Кадæг “Сослан Мæрдты бæсты”-йыл фембæлы цуан кæнгæйæ, Уырызмæг ын саг кæм бацамыдта, уым. Саджы фæлгонцы та бацыд Ацырухс, æмæ Хур куыддæр скаст, афтæ йæм сарæзта йæ тынтæ. Хуры тынтæ сагæй фæстæмæ здæхтысты лыстæг хæрдгæ 'ндæхтæй æмæ цæстытæ къахтой. Сослан, гъа ныр æй фехсон, куыд загъта, афтæ кæсы æмæ йæ фæттæ фæпырх сты - иу дæр дзы йæ фатдоны нал аззад. Саг йæ бынатæй дæр нæ фезмæлыд. Цирхъимæ йæм куы балæбурдта, уæд уыцы-иу гæпп фæласта æмæ йæ ных Сау хохмæ сарæзта æмæ иу лæгæты фæмидæг. Сослан дæр йæ фæдыл æмæ уыны авд æддæгуæлæ галуан. Ам Ацырухс авд уæйыгмæ цæры хъанæй. Зонынджын у æмæ зоны, йæ мойаг Сослан кæй у, уый. Уæйгуытæ йын куы загътой, иу уазæг нæм æрбафтыд æмæ йæхи Нарты Сослан хоны, уæд сын загъта: “Сосланæн йæ дыууæ уæны астæу ис æрдзæй рахæсгæ сау стъæлф. Сбæгънæг æй кæнут, æмæ кæд ахæм стъæлф уа йæ дыууæ уæны астæу, уæд уый, æцæгæй дæр, мæ мойаг Нарты Сослан у”.
         Уæйгуытæ Сосланæй Ацырухсæн ирæд æрдомдтой: денджызы был æфсæйнагæй сау галуан, йæ цыппар фисыны Аза-бæласы сыфтæ сагъд куыд уа, афтæмæй, стæй æртæ сæдæ сырды - уыдонæй иу сæдæ сагтæ куыд уой, иу сæдæ дзæбидыртæ, иу сæдæ та - алымыггаг æндæр сырдтæ.
         Сослан ирæд бафыста Сатана, йæ мард ус Бедуха æмæ Æфсатийы уадындзы руаджы. Авд уæйыджы куы федтой сæ ирæд, уæд радтой сæ хъан - Хуры чызг Ацырухсы Сосланæн усæн. Æрхаста Сослан Хуры чызг Ацырухсы йæхицæн усæн. Цæрынтæ, хæрынтæ райдыдтой, бонтæ, азтæ сыл ивгъуыдтой.